Цæгат Ирыстоны артиллеристтæ скуынæг кодтой "террористты"

© Sputnik / Игорь Руссак /  Ахизын медиабанкмæРабота российских артиллеристов САУ "Мста-С"
Работа российских артиллеристов САУ Мста-С - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуыртæ ацыдысты Цæгат Ирыстоны "Тарскæйы" полигоны, Хуссар æфсæддон зылды артиллеристтæ ныддæрæн кодтой мæнг æнæзаконон хотыхджын къорды

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны полигон "Тарскæйы" Хуссар æфсæддон зылды артиллеристтæ ныддæрæн кодтой мæнг террористты, фыссы РИА Новости зылды пресс-службæйы хъусинаг.

Военные учения ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейы базæ Хуссар Иры быдырмæ ракодта дыууæ мин æфсæддоны

"Цæгат Ирыстон-Аланийы республикæйы полигон "Тарскæйы" кæронмæ бахæццæ сты командон-штабон ахуыртæ Мæхъæлы уæвæг 58 æфсады артиллерийон хайадимæ. Архуырты фæлгæтты разамынады органтæ æмæ биригадæйы дæлхайæдтæ сарæзтой 100 километрон марш", — бамбарын кодта ХӔЗ пресс-службæйы хистæр, булкъон Вадим Астафьев.

Уый ма бафтыдта, разамынады быдырон пунктмӕ кӕй адӕттой къухдариуӕгады штабы информаци, зӕгъгӕ, разысгарджытӕ бамбӕлдысты гӕрзифтонг къордыл, кӕцы йӕхи цӕттӕ кодта цӕрӕн пункттӕй иумӕ бабырсын.

Ахуырты кӕрон артиллеристтӕ скуынӕг кодтой мӕнг ӕнӕзаконон хӕстон къорды.

Мадзалы хайад райстой 200 онг ӕфсӕддон службӕгӕнӕджы ӕмӕ 30 иуӕджы та хӕстон ӕмӕ сӕрмагонд техникӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0