ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны хицауад сифтонг кӕндзӕн фатертӕй 2004 азы Беслӕны 1-аг скъолайы теракты 193 зианбаййафӕджы, хъусын кӕны РЦИ-А сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.
Дзырд цӕуы зианбаййафджытыл, кӕцытӕн цӕрӕнуат рахицӕн кӕныны бар бафидар кодта ӕхсӕнведомствӕйон къамис, фӕлӕ хицауад не сӕххӕст кодта йӕ хӕс ӕмӕ сын нӕ радта фатертӕ. Республикӕйы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фарст ӕвзӕрын кӕны ӕнӕразыдзинад ӕхсӕнады хсӕн.
"Фӕстаг рӕстӕджымах бирӕ дзурӕм ацы проблемӕйыл, фарст ӕвзӕрын кӕны социалон ӕнӕразыдзинад, уымӕ гӕсгӕ махӕн тынг ахсджиаг у, цӕмӕй зианбаййафджытӕ ифтонг ӕрцӕуой фатертӕй. Ныридӕгӕн Дзӕуджыхъӕуы рахицӕн кодтам зӕххы фадыг арӕзтадӕн, нысан ӕрцыд аразӕг фирмӕ дӕр", — хъусын кӕны Битары фырты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, ӕрмӕстдӕр ма хъӕуы бакусын конкретон планыл проблемӕ аскуыддзаг кӕныны фӕдыл.
Беслӕны теракт ӕрцыд 2004 азы 1 сентябры райсом, бӕрӕгбонон линейкӕйы рӕстӕджы. Трагедийы амӕттаг баисты 334 уды, уыдон нымӕцы 186 сывӕллоны. Фӕмард ма дзы 10 сӕрмагонд службӕйы кусджытӕ, дыууӕ УУМ-ы ӕмӕ милицийы 15 кусӕджы. Фӕцӕф сты 810 амынӕты, сӕрмагонд службӕты ӕмӕ милицийы кусджытӕ, ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ.