Ӕртæ сфæлдыстадон архайæгӕн Цхинвалы бакӕндзысты мемориалон фӕйнӕджытӕ

© Sputnik / Наталья АйриянРеспубликанская детская библиотека Цхинвал Южная Осетия
Республиканская детская библиотека Цхинвал Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Культурæйы министрады сæрмагонд нывæзты фæлгæтты мемориалон фæйнæджытæ фæзындзæн Асаты Реуаз, Икъаты Владимир æмæ Хъайырты Владимирæн

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Хуссарирыстойнаг зындгон сфæлдыстадон кусджытæ — фыссæг Асаты Реуаз, поэт Икъаты Владимир æмæ режиссер Хъайырты Владимирæн Цхинвалы сӕвӕрдзысты мемориалон фæйнæджытæ, фехъусын кодтой Sputnik культурæй министрады пресс-службæйы.

Открытие Мемориальная доска Алексей Гучмазов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыссæг Гуыцмæзты Алешы мемориалон фæйнæг бакодтой Цхинвалы

Культурæйы министрады сæрмагонд программæмæ гæсгæ хъуамæ Цхинвалы æвæрд æцæуа, Хуссар Ирыстонæй хицæн фадгуыты чи расгуыхт, ахæм адæймæгтæн — нывгæнджытæн, фысджытæн, хæсты хъайтартæн, æдӕппæтæй сæ нымæц у 12.

"Фыссæг Асаты Реуаз, поэт Икъаты Владимир æмæ режиссер Хъайырты Владимиры мемориалон фæйнæджытæ арæзт фесты æмæ сын æнхълæмæ кæсæм се ʻрласынмæ. Мемориалон фæйнæджытæ сарæзта скульптор Плиты Владимир нывгæнæг Багаты Феликсы эскизтæм гæсгæ", — загъта уагдоны пресс-секретарь Остъаты Мӕдинӕ.

Нывæзты фæлгæтты уал Цхинвалы бантыст бакæнын мемориалон фæйнæджытæ прозаик æмæ поэт Гуыцмæзты Алешæн, фыссæг Дзугаты Георгийæн, нывгæнæг Хъотайты Григорийæн, ивгъуыд ӕнусы 90-æм æзты хæсты зынгхуыст хъайтар Тасойты Иналӕн (Коммунист) æмæ æндæртæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0