Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ Хуссар Иры ауагътой ерыстæ æхсынæй

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæРосгвардийы ахуыртæ Волгограды
Росгвардийы ахуыртæ  Волгограды - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæнхъахъхъæнджытæ æхстой Ярыгины пистолетæй, Калашниковы автоматæй, Драгуновы снайперон винтовкæйæ

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ сбæлвырд кодтой кæцы хайады кусынц иууыл рæстдзæфдӕр æхсджытæ. Ерыстæ æхæснæй ацыдысты Хуссар Ирыстоны Знауыры районы, загътой Sputnik Арæнгæронуправленийы пресс-службæйы.

Работа российских артиллеристов САУ Мста-С - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны артиллеристтæ скуынæг кодтой "террористты"

"Фыццагады хайад райстой 5 командæйы горæты æмæ районы дæлхайæдтæй æмæ Управленийы аппаратæй. Уыдон ерыс кодтой æхсыны 4 дисциплинæйæ — Ярыгины пистолетæй, Калашниковы автоматæй, Драгуновы снайперон винтовкæйæ", — загътой пресс-службæйы.Хуыздæр хатдзæгтæм тырнгæйæ командæйы уæнгтæ æрвыл бон сæхи цæттæ кодтой.

Ерысты бон уыд æвзæр боныгъæд, тыхдымгæ, кæмдæрты рауарыд мит æмæ къæвда. Фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ кусджытæ сæхи равдыстой аккаг.

Ерысты фæсиуæгæн иууыл фылдæр очкотӕ æрæмбырд кодта Управленийы аппараты командæ, дыккаг бынат бацахста Ленингоры хайады, æртыккаг — Дменис.

Иууыл рæстдзæф æхсджытæ хозæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ грамотатæй, уæлахиздзау та цæугæ кубокæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0