ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik, Козаты Диана. Чысыл пациентты райст ног сывæллæтты поликлиникæйы бæстыхайы Цхинвалы æххæстæй рæвдз æрцыд, дохтыртæ кусынц раздæры графикмæ гæсгæ, загъта Sputnik медицинон уагдоны сæйраг дохтыр Хæныкъаты Лариса.
Цалдæр боны размæ сывæллæтты поликлиникæйы персонал æрбынат кодта сывæллæтты реабилитацион рынчындоны ног нырыккон бæстыхайы. Уагдон арæзт æрцыд 2016-2017 азтæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Ног рынчындон нымад у 60 пациентæн, ис дзы бынæттæ чысыл пациентты ныййарджытæн дæр.
"Ам ис арæзт тынг хорз уавæртæ æххæст куыстæн. Пациентты райст ныридæгæн рæвдз æрцыд, куысты график дæр", — загъта сæйраг дохтыр.
Хæныкъаты Лариса ма банысан кодта, ног бæстыхайы дохтыртæн кæй фæзынд фылдæр фадæттæ хоскæнынад æмæ диагностикæйæн.
"Ам ис рентген-кабинет, кæцы нæм раздæры бæстыхайы нæ уыд, æрбайгом кæндзыстæм стамотологион кабинет. Уымæй дарддæр ма, махæн уыдзæн фадат аразын уæрæхдæр УЗИ, электрокардиограммæ, гастроскопи æмæ бирæ æндæртæ", — загъта Хæныкъаты Лариса.
Ног хосгæнæн уагдонмæ ма рахиздзысты æндæр педиатрикон хайадтæ, кæцытæ ныртæккæ сты республикон соматикон рынчындоны: сывæллæтты хирурги, реанимаци æмæ анестезиологи.
Сывæллæтты реабилитацион рынчындон арæзта цæгатирыстойнаг фирма "СТМ-ЮГ". Куыстыты гъæд, хуссарирыстойнаг специалисттæй дарддæр, сгæрста Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Лев Кузнецов, медицинон уагдоны ифтонггарзмæ йæ хъус дардта УФ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Анатолий Гулин.