Парад æмæ "Ӕнæмæлгæ полк": куыд банысан кæндзысты 9 май Хуссар Иры

© Sputnik / Михаил Хасиев9 Мая Цхинвал
9 Мая Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президенты паддзахадон уынаффæгæнæг радзырдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы цытæн республикæйы цы мадзæлттæ ацæудзæн, уыдоныл

ЦХИНВАЛ, 2 май — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уæлахизы бæрæгбоны сæйраг мадзæлттæ суыдзысты æфсæддон парад æмæ акци "Ӕнæмæлгæ полк", уыдон ацæудзысты Цхинвалы театралон фæзуатыл, загъта Sputnik Паддзахадон мадзæлтты фæдыл президенты уынаффæгæнæг Зассеты Жанна.

Телемост - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik сбаста видеохидæй хæсты ветеранты авд горæтæй

Хуссар Ирыстоны 9 майы ацæудзысты Стыр Уæлахизыл 72 азы сыххæсты боны цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ.

"Уæлахизы бон нысан кæныны фæлгæтты президент Бибылты Анатолий 4-7 майы сæрмагондæй бабæрæг кæндзæн хæсты алкæцы ветераны дæр, цæмæй сын раарфæ кæна цытджын бæрæгбоны цытæн æмæ сын бакæна лæвæрттæ. Цыппæрæмы, 4 майы, Цхинвалы ныффысдзысты сочиненитæ ахæм темæйыл — "Ӕз æмæ мæ уæлахиз". Ацы акцийы хайад райсдзæн президент дæр, хуыздæр куыстытæ та рацæудзысты хицæн чиныгæй", — радзырдта Зассеты Жаннæ.

Ацы бон ма уагъд æрцæудзæн ирон мыггæгты минæвæртты фембæлд дæр, цы ран 157 хистæрæн "Ӕнæмæлгæ полк"-ы штабы кусджытæ ратдзысты хъусинæгтæ, кæцытæ уыдон нæ райстой 72 азы мидæг.

"Мах фехъусын кæндзыстæм, кæй ингæнтæ нын бантыст ссарын, уыцы мыггæгтæ æмæ сæ бынæттæ", — загъта президенты уынаффæгæнæг.

Ацы бонты, традицимæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны скъолаты уагъд цæуынц "Хъæбатырдзинады уроктæ", цы ран ахуыргæнинæгты зонгæ кæнынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историимæ, фашизмы ныхмæ чи тох кодта, уыцы ирæттимæ æмæ ирон адæмы хайбавæрдимæ Стыр Уæлахизмæ.

Ӕнусон арты цур 8 майы уагъд æрцæудзæн Кады гирляндæ сæвæрыны цытджын церемони. Уым ма ацæудзæн митинг дæр, стæй хæсты ветертæн арæзт æрцæудзæн æфсæддон лæууæнуат æмæ райст сæйраг командæгæнæджы номæй.

Ӕнæмæлгæ полк Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ӕнæмæлгæ полк" Хуссар Иры æрæмбырд кæндзæн 5 мин хайадисæгæй фылдæр

9 майы столицæйы сæйраг фæзуатыл ацæудзæн æфсæддон парад, цы ран, раздæры азтимæ абаргæйæ, хайад райсдзысты фылдæр парадон дæлхайадтæ. Парады фæстæ фæзуатыл республикæйы цæрджытææ рахæсдзысты хæсты хайадисджыты къамтæ — ацы аз акци "Ӕнæмæлгæ полк"-ы райсдзысты хайад фондз мин адæймагæй фылдæр.

"Уыдонæй иу мин æмæ æрдæг адæймаджы рахæсдзысты рамкæтæ æбæрæгæй фесæфæг адæмы нæмттимæ. "Ӕнæмæлгæ полк"-ы штаб иу бон дæр не ′рлæууын кодта йæ куыст. Афæдзы мидæг мах куыстам Австри, Венгри, Болгари, Германииимæ, цы ран ис гæнæн æмæ уой ныгæд не ′мзæххонтæ", — радзырдта Зассеты Жанна.

Уый загъта, "Ӕнæмæлгæ полк"-ы колоннæйы ма кæй рацæудзысты Ирыстоны фæмардуæвæг хъахъхъæнджыты мæдтæ, кæцытæ рахæсдзысты уæрæсейаг фидауынгæнджыты къамтæ, сæ хъæбулты къамтæ та сын рахæсдзысты цхинвайлаг кадеттæ.

Бæрæгбонон мадзæлттæ балхынцъ уыдзысты концертæй Цхинвалы театралон фæзуатыл.

Чысыл Хуссарирыстойнаг автономон область, цы ран 1941 азы цæрджыты нымæц уыд 80 мин адæймагæй чысыл фылдæр, хæстмæ арвыста 21 736 адæймаджы. Уыдонæй нал æрæздæхт 11 616 адæймаджы, авд мин æмæ æрдæг сты æбæрæгæй сæфт.

Абоны бон ма Хуссар Ирыстоны цæры Стыр фыдыбæстæйон хæсты æрмæстдæр 39 ветераны.

Ног хабӕртты лентӕ
0