ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik. Хуссар Ирыстон комкоммæ æххæст кæндзæн Уæрæсеимæ бадзырдтæ, кæцытæ бантыст саразын æмгуыстады æзты, фехъусын кодта РХИ президент Бибылты Анатолий уæрæсейаг коллегæ Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы Сочийы.
"Республикæ комкоммæ æххæст кæндзæн амæй размæ æмгуыстады æзты Уæрæсеимæ цы бантыст саразын, уыцы бадзырдтæ", — хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Президенты ныхæстæм гæсгæ, "Уæрæсеимæ æмцæдисады ахастытæ, интеграцион бастдзинæдты уæрæхдæр кæнынæн ис ахсджиаг нысаниуæг Хуссар Ирыстоны æдасдзинад æмæ социалон-экономикон райрæзты ифтонгадæн".
Бибылты Анатолий ма банысан кодта, фембæлды рæстæджы уынаффæ кæй цыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн уæрæсейаг æмбæстагад райсыны процедурæ фæхуымæтæгдæр кæныны æмæ РХИ-ы конмпани "Роснефтимæ" иумæйаг куыстуат саразыны фарстытыл.
Уымæй дарддæр ма Бибылты Анатолий систа советон дуджы æфснайæн фæрæзты раздахыны, афтæ ма Хуссар Ирыстоны уадзгæ æмæ УФ-йы территоримæ æрбаласгæ продукцийыл хъалонты аивды фарстытæ.
Афтæ ма æрдзырдта Хуссар Ирыстоны территорийыл уæрæсейаг æмбæстæгты мады капиталы фæдылбарты реализацийы фарстыл.
"Ис нын бындур хъуыды кæнын, фембæлды рæстæджы цы бадзырдтæ бантыст саразын, уыдон кæй уыдзысты ахъаз Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн æмгуыстады райрæзтæн алы фадыджы дæр, æрхæсдзысты ахадгæ практикон фæстиуджытæ", — банысан кодта Бибылты Анатолий.
Уый загъта бузныг Владимир Путинæн, "æххуыс, нысаниуæгджын фембæлд, продуктивон бадзырдтæ æмæ уазæгуарзондзинады тыххæй".