ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik. Шоу "Голос. Дети"-йы супер-финалисткæ Хекъилаты Дениза æрвылмæй исдзæн стипенди, кæцы йын снысан кодта Федерацийы Советы уæнг Цæгат Ирыстонæй Тотоонты Александр, хъусын кæны сенаторы пресс-службæ.
"Голос. Дети"-йы цыппæрæм сезоны финал уыд 1 каналы комкоммæ эфиры 28 апрелы. Хекъилаты Дениза конкурсы бацахста дыккаг бынат.
"Дениза у тынг курдиатджын чызг æмæ балхæдта цæрджыты зæрдæтæ æппæт Уæрæсейы. Мæнæн æхсызгон уыдзæн чысыл хайбавæрд бахæссын йæ профессионалон рæзтмæ. Мæ куысмызды хай æз æхсызгонæй хардз кæнын мæ æхсæз хъæбулы хъæбултыл. Тынг æхсызгон мын уыдзæн æххуыс кæнын нæ курдиатджын æмзæххонтæн", — загъта Тотоонты Александр.
Шоу "Голос. Дети"-йы хайадисæг фæуазæг Тотоонты Александрмæ финалы размæ. Уымæн арæзт æрцыд экскурси Федерацийы Советы, Дениза та радзырдта сенаторæн йæ хайадисты тыххæй проекты.
"Ӕз ын загътон, уый кæй у тынг курдиатджын, разæй йæм кæй æнхъæлмæ кæсы бирæ æнтыстытæ, "Голос" та кæй у фыццаг къæпхæн. Зæгъын хъæуы æмæ конкурсы фæстæ дæр йæхи æнкъардæй кæй нæ равдыста æмæ йын уавæрмæ уыд карджын адæймаджы ахаст", — загъта сенатор.
Тотоонты Александр сфæнд кодта аирхæфсын чызджы æмæ йын конкурсы фæстæ сарæзта экскурситæ Мæскуыйыл.
Йæ аккаунты Instagram Дениза ныммыхуыр кодта, кæй базонгæ ис мæскуыйаг ансамбль "Алания"-имæ, кæцыйы репетицийы уыд Александр Борисы фыртимæ.
"Курдиатджын кафджытæ, кæцытæй иууыл кæстæрыл фондз аз дæр нæ цæуы. Уыдон мын райдыдтой хъæбыстæ кæнын! Бузныг уын, ахæм уарзты тыххæй!", — адих кодта Дениза йæ тæлмæнтæ.
Уый загъта бузныг йæ фарсхæцджытæн, чи йын хъæлæс кодта, уыдонæн æмæ банысан кодта, "ахæм хъусдард уымæн кæй у ахсджиагдæр цыфæнды конкурстæй æмæ зынаргъдæр алы уæлахизæй дæр".