Ӕдасдзинады комитет æрæвнæлдта бензинмæ

© Sputnik / Ада БагианЦена на бензин
Цена на бензин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ПӔК æрæджы æрцахста бынæттон барæнтæм гæстæ "Югосетнефтепродукты" бензины егъау парти. Бынæттон шофырты ис ныфс, уагдон кæй æрæвæрдзæн уаг республикæмæ æрбаласгæ æртаджы гъæды фарсты

ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны шофыртæ та хъаст кæнынц бензины æвзæр гъæдæй. Бирæтæ сæ сты æнæдызæрдыг, æвзæр бензины гъæды тыххæй сæ машинæтæ арæхдæр кæй хæлынц.

Ӕвзæр бензин

"Цхинвалмæ ласынц æвзæр бензин. Раджы йæ банысан кодтон — бензин æртаджы базæйы куы ныккæнын, уæд машинæйæн йæ тагъдад фæлæмæгъдæр вæййы. Ӕндæр бынæтты куы ныккæнын, уæд машинæйы куыст бæрæг фæхуыздæр вæййы", — дзуры Цхинвалы цæрæг Джиоты Эмзар.

Таксист Саулохты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, "æртаджы базæйы бензин ссис йæ машинæйы инжекторы фехæлды аххосæг".

"Нæ зонын, ацы бензин кæцæй ласынц, фæлæ уый халы машинæйы хæйттæ. Инжектор арæх фехæлы. Ӕрмæст мæ машинæйы нæ, иннæ машинæты хицæуттæ дæр хъаст кæнынц. Куыдфæндыйæ дæр, ацы бензиныл цыдæр хæццæ кæнынц", — радзырдта уый.

Куыд рабæрæг, афтæмæй шофыртæ æнæхъуаджы нæ хъаст кæнынц æртагæй, ацы проблемæ бахауд Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджыты цæсты. Апрелы кæрæтты уагдон фехъусын кодта "Югосетнефтепродукты" территорийыл æртæ цистернæ æртагимæ æрцахсыны тыххæй, кæцы централизацигондæй ласы æртаг Хуссар Ирыстонмæ.

"Бæлвырд информацимæ гæсгæ, АИ-92 маркæйы бын республикæмæ ласт цæуы фауццаг æртаг, кæцы дзуапп нæ дæтты æрбавдыст документтæн", — банысан кодтой уæд уагдоны.

Стандартизаци æмæ метрологийы комитетимæ ауагътой æртаджы лабораторон иртæст, уагъд цæуынц равзæрстагъоммæ мадзæлттæ.

Уæлæнгай контроль

Ӕртаджы гъæды фæдыл контроль у Стандартизаци æмæ метрологийы комитеты комкоммæ хæс æмæ йæ кусджытæ регулярон æгъдауæй исынц иртæстытæ республикæмæ радон æрбаласгæ æртаджы партитæй.

Цена на бензин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ПӔК æрцахста æртаджы базæйы бензины цистернæтæ

"АИ-92 маркæ æртаджы октаны нымæц хъуамæ уа растдæр 92-йы бæрц. Уыдис иу афтæ æмæ гарзæг не ′сбæлдвырд кодта бензины октаны нымæц. Ахæм рæстæджы, ома бензины гъæд куы уыд дызæрдыггаг, уæд иу басгæрстмæ æрбамбал ис экономикон фыдракæнды ныхмæ хайад æмæ иу æрмæг æрвыст æрцыд Уæрæсемæ лабораторон басгæрсты тыххæй", — радзырдтой Sputnik комитеты.

Уым загътой, бензины гъæды æххæстбæрц басгæрсты тыххæй кæй хъæуы ауадзын вазыгджындæр лабораторон басгæрстытæ, фæлæ ифтонггарзы хъуагдзинады тыххæй уый Хуссар Ирыстоны нæй аразыны фадат.

"Ис ма гæнæн бензины хуызæгтæ Уæрæсемæ арвитын, фæлæ нын алы анализ дæр слæудзæн 50 мин сомæй фылдæр", — загъта уагдоны минæвар.

Экономикæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Вильям радзырдта Sputnik, 2014 азæй фæстæмæ "Югосетнефтепродукт" кæй у Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ æртаджы продуктты квотæйы æххæстбарджын импортер, паддзахадон куыстуат æмæ компани "Роснефть"-ы æхсæн бадзырдмæ гæсгæ.

"Югосетнефтепродукт"-æн ис бар æнæ хъалон фыстæй азы мидæг æрбаласын авд мин тоннæйы бензин æмæ 1,1 мин тоннæйы та дизелон æртаг. Сæйраджыдæр, паддзахадон уагдæтты тыххæй", — загъта Вильям.

Шофыртæ фыццаг аз нæ хъаст кæнынц республикæйы æртаджы гъæдæй, фæлæ уыимæ иумæ, ПӔК-ы хъуыдымæ гæсгæ, уавæр кардиналонæй фæивыны фæлвæрдтытæ дæр нæ уыд.

Машинæты хицæутты ныфс бацыд, зæгъгæ ацы хатт алцыдæр рауайдзæн, кæд æмæ хъуыддагæ æрæвнæлдта ПӔК.

Ног хабӕртты лентӕ
0