ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддон цæттæдзинады интенсивондзинад фæбæрзонддæр ис 1,5 хатты, хъусын кæны Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæ.
Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Хуссар Ӕфсæддон зылды 58-æм æфсады сарæзтой æфсæддон цæттæдзинады хатдзæгтæ ахуырты зымæгон периодæн.
"Ахуырадон-æфсæддон мадзæлтты райстой хайад дæлхайадтæ дæр, кæцытæ сты æвæрд Дегестан, Цæцæн, Мæхъæл, Кæсæг-Балхъар, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны. Ивгъуыд æзты аналогон периодтæм абаргæйæ, ХӔЗ-ы æфсады æфсæддон цæттæдзинады интенсивондзинад фæбæрзонддæр ис 1,5 хатты", — фехъусын кодта ХӔЗ-ы пресс-службæйы сæргълæууæг, булкъон Вадим Астафьев.
Уый ма бафтыдта, афæдзы дæргъы æфсæддон службæгæнджытæ кæй ауагътой 3 мин ахуырадон мадзалы. Ахуырты активонæй спайдагонд æрцыд оперативон-тактикон комплекстæй "Искандер-М", фистæгæфсады æфсæддон машинæтæй БМП-3 æмæ бронетранспортертæ БТР-82А, бронемашинæтæй "Тигр-М", залыппон æхсты системæтæй "Торнадо", хæдцæугæ артиллерион æвæрдтæй "МСТА-С".