ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет сбæлвырд кодта республикæмæ фауццаг бензины æрбаласты азымджынты, уагдон æрцахста "Югосетнефтепродукт"-ы дыууæ кусæджы разамонæг скондæй, хъусын кæны ПӔК-ы пресс-службæ.
"ПӔК бакодта уголовон хъуыддаг УФ УК 159 статьямæ гæсгæ (фæлывддзинад) "Югосетнефтепродукт"-ы исад ныппаплой кæныны æмæ паддзахадон зилдухæй финансон фæрæзты æнæзаконон раконды факты фæдыл", — фехъусын кодтой уагдоны.
ПӔК-ы минæвар банысан кодта, кæронмæ кæй бахæццæ республикæмæ зындгонд уæрæсейаг бренды хуызы бын фауццаг бензин æрбаласты хъуыддаджы азымджынты раргом кæныны фæдыл дæргъвæтин оперативон куыст.
Уголовон хъуыддаджы фæдыл азымджынты хуызы ахст æрцыдысты "Югосетнефтепродукт"-ы дыууæ кусæджы разамонæг скондæй, сæ мыггæгтæ сын нæ раргом кодтой.
Фауццаг бензин ахст æрцыд, дарддæр уагъд цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ.