ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik. Волгограды, Мамаййы обауыл цытджын æгъдауæй бакодтой цырт Ирыстонæй рацæугæтæн, кæцытæ фæмард сты Сталинграды цур тохы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны президент æмæ хицауады пресс-службæ.
Цырт сæвæрынæн фадыг Волгограды областы къухдариуæгад рахицæн кодта æхсæнадон организаци "Алания"-йы курдиатмæ гæсгæ, кæцы æнгом кæны Волгограды областы ирæтты.
"Сталинграды цур тугкалæн тохты хайад истой не ′мзæххонтæ дæр. Уый уыд нæ бæстæйы адæмты иумæйаг уæлахиз. Махæн нæй бар нæ адæмы рохуаты уадзын, кæцытæ сæ цард радтой, цæмæй бахъахъхъæной сабырад нæ бæстæйыл, райгуырæн зæххыл. Уый у нæ хæс", — загъта цырт байгом кæныны церемонийы РЦИ-Аланийы националон ахастыты фæдыл фарстыты министр Цуциты Аслан.
Монумент саразын, бынатмæ фæхæццæ кæнын æмæ сæвæрыны хъуыддагæн ахъаз уыдысты Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ администрацийы хистæр Челехсаты Рустем. Цырт арæзт æмæ æвæрд æрцыд хисæрмагонд мысайнæгты фæрцы.
Сталинграды тох уыд фæсæттæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ уыд иууыл тугкалæндæр адæймагады историйы: уым бабын сты æрдæгмилуан советон æфсæддонæй фылдæр. Ацы тохы райстой хайад 5 минæй фылдæр ирæттæ.