ЦХИНВАЛ, 8 май — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин раарфæ кодта йæ хуссарирыстойнаг коллегæ Бибылты Анатолий æмæ республикæйы æппæт цæрджытæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Фæуæлахизыл 72 азы сæххæсты цытæн, хъусын кæны президент æмæ хицауады пресс-службæ.
"Ацы нысаниуæгджын бон ма цыт кæнæм æфсæддонтæ-фронтовикты хъæбатырдзинадæн, фæсхæсты фæллойгæнджыты удуæлдайдзинад æмæ æхсардзинадæн, кæцытæ ссæрибар кодтой Райгуырæн бæстæ æмæ æппæт дуне фашизмæй", — дзырдæуы арфæйы телы.
Путин банысан кодта, фыдæлтæй баззайгæ хæлардзинад æмæ кæрæдзийæн æххуысы традицитæ абон кæй сты Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн интеграцион ахастытæ æмæ æмцæдисадон бастдзинæдты райрæзты бындур.
"Курæг Дæ дæн, цæмæй фæхæццæ кæнай мæ бузныджы ныхæстæ уæ бæстæйы цæрæг ветерантæн æмæ сын зæгъай фидар æнæниздзинад æмæ дæргъвæтин æзты цæрæнбон", — дзырдæуы арфæйы телы.
Чысыл Хуссарирыстойнаг автономон область, цы ран 1941 азы цæрджыты нымæц уыд 80 мин адæймагæй чысыл фылдæр, хæстмæ арвыста 21 736 адæймаджы. Уыдонæй нал æрæздæхт 11 616 адæймаджы, авд мин æмæ æрдæг сты æбæрæгæй сæфт.
Абоны бон ма Хуссар Ирыстоны цæры Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æрмæстдæр 39 ветераны.