ЦХИНВАЛ, 9 май — Sputnik. Ӕфсӕддон парад Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 72 азы сӕххӕсты цытӕн уагъд ӕрцыд уагъд ӕрцыд Цхинвалы сӕйраг фӕзуатыл.
Парадыл командӕ кодтаХуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады штабы гӕс Виктор Федоров. Райста парад республикӕйы хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гассеты Ибрагим.
Цытджын маршы размӕ президент Бибылты Анатолий трибунӕйӕ ӕрсидт парадон къордтӕ, ветерантӕ, цӕрджытӕ ӕмӕ республикӕйы уазджытӕм.
"Хуссар Ирыстон бахаста стыр хайбавӕрд иумӕйаг знагыл фӕуӕлахизмӕ. 22 мин адӕймагӕй фылдӕр тох кодтой хӕсты быдырты, уыдонӕй иу минӕй фылдӕр уыдысты ӕвзонг бархионтӕ, се хсӕн 56 чызджы. Фондз ӕмӕ ӕрдӕг мин адӕймаджы хорзӕхджын ӕрцыдысты хӕстон майдантӕ ӕмӕ ордентӕй. Мах сӕрыстыр стӕм нӕ хъӕбатыр ветерантӕй", — загъта президент.
Уый ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, хӕстон азты егъау зиӕнттӕ — фронтӕй нал ӕрыздӕхтысты 80% онг хкуыстхъом нӕлгоймӕгтӕ — кӕй бандӕвтой ӕппӕрццагӕй республикӕйы демографион уавӕрыл.
Афтӕ ма президент банысан кодта, зӕгъгӕ, хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтимӕ парады хайад кӕй исынц уӕрӕсейаг ӕвсӕддон базӕйы ӕмӕ арӕнгӕрон управленийы парадон къордтӕ, уымӕй ис символикон нысаниуӕг.
"Уӕрӕсе уыд ӕмӕ уыдзӕн нӕ стратегион партнер, уый радон хатт бафидар ӕрцыд Владимир Путинимӕ мӕ фембӕлды рӕстӕджы 2 майы Сочийы", — бахахх кодта Бибылты Анатолий.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы сӕйраг фӕзуатыл цытджын маршӕй рацыдысты 21 парадон къорды ӕмӕ ӕхсӕз тырысайон къорды Хъахъхъӕнынады, Мидхъуыддӕгты, Уӕлвӕткон уавӕрты министрӕдтӕй, афтӕ ма ПӔК-ы Арӕнгӕрон службӕйӕ, Кадетон скъолайӕ ӕмӕ уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ УФ ӔФС арӕнгӕрон управленийӕ. Ӕдӕппӕт парады хайад райстой 900 ӕфсӕддонӕй фылдӕр ӕмӕ 30 иуӕджы та ӕфсӕддон техникӕ.
Цытджын маршы фӕстӕ фӕзуатыл райдыдта акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк", официалон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ дзы хайад исынц республикӕйы 5 мин цӕрӕгӕй фылдӕр. Уыдон хӕссынц сӕ хиуӕтты къамтӕ, кӕцытӕ фӕмард сты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты тохы быдыры.
Уӕлахизы бӕрӕгбоны фӕлгӕтты ма уагъд ӕрцыдысты ӕндӕр мадзӕлттӕ дӕр — хӕсты хайадисджытӕн цыртытӕм сӕвӕрдтой дидинтӕ ӕмӕ веноктӕ, акци "Георгийаг лентӕ", солдатон бонасадӕн, адӕмон хъӕзтытӕ.