Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Путинӕн Уӕлахизы боны цытӕн

© Пресс-служба президента РЮО Бибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент равдыста фидар ныфс, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы адӕмты ӕфсымӕрдзинад дарддӕр дӕр кӕй уыдзӕн фидар бындур дыууӕ бӕстӕты хсӕн ахастыты райрӕзтӕн

ЦХИНВАЛ, 9 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Уӕрӕсейы президент Владимир Путинӕн Стыр Уӕлахизы боны цытӕн.

Президент РФ Владимир Путин. Архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн Уæлахизы Боны цытæн

"Уӕлахизы 72 азыл ӕмбӕлгӕйӕ, мах ныфсджын стӕм, цас фӕнды аз дӕр ма рацӕуа, уӕддӕр сӕ цард уӕлахизы сӕраппонд нывондӕн чи ӕрхаста, уыцы хъӕбатырты фӕдонтӕ кӕй никуы ферох кӕндзысты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, нӕ хистӕрты уыцы хъайтардзинад", — дзырдӕуы арфӕйы телы, хъусын кӕны президенты президенты пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий ма равдыста фидар ныфс, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы адӕмты ӕфсымӕрдзинад дарддӕр дӕр кӕй уыдзӕн фидар бындур дыууӕ бӕстӕты хсӕн ахастыты райрӕзтӕн.

Йӕ зӕрдӕ загъта уӕрӕсейаг коллегӕйӕн ӕмӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы адӕмӕн фидар ӕнӕниздзинад, сабыр арв ӕмӕ фӕрныгад.

Ног хабӕртты лентӕ
0