ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Донецкаг адæмон республикæ бафыстой дипломатон ахастыты фæдыл протокол, хъусын кæны РХИ президенты пресс-службæ.
Цыппæрæмы ма Хуссар Ирыстон æмæ Донецкаг адæмон республикæйы президенттæ Бибылты Анатолий æмæ Александр Захарченко бафыстой хæларад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырд. Хуссар Ирыстоны делегаци æрцыд Донецкмæ ДАР-йыл æртæ азы сæххæсты бæрæгбонмæ.
Дипломатон ахастытæ сфидар кæныны фæдыл документыл сæ къухфысттæ сæвæрдтой РХИ æмæ ДАР-ы мидхъуыддæгты министртæ Джиоты Мурæт æмæ Наталья Никанорова.
Документ рагхыгъд кæны дипломатон ахастыты бындурæвæрд æмæ минæварадты æрбайгом дыууæ республикæты.
Раздæр Донецк æмæ Цхинвалы баконд æрцыдысты минæварадтæ, фæлæ уыдон нæ уыдысты æххæстбарджын дипломатон мисситæ.
Растдӕр ӕртӕ азы размӕ, 2014 азы 11 майы Украинӕйы Донецкаг областы бирӕ цӕрӕн пунктты уагъд ӕрцыд референдум регионты хӕдуагӕвӕрды фӕдыл.
Хуссар Ирыстон ДАР ӕмӕ ЛАР-ы хӕдбардзинд банымадта 2014 азы. Цхинвал ӕмӕ Донбассы республикӕты ӕхсӕн фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ.