Танкисттæ Хуссар Ирыстонæй ацæудзысты Ӕппæтæфсæддон хъæзтытæм-2017

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæТактические занятия мотострелковой бригады ЮВО
Тактические занятия мотострелковой бригады ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Танкон биатлонæй æппæтæфсæддон этап ацæудзæн июны Волгограды областы Прудбойы полигоныл.

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы танкисттæ райсдзысты хайад танкон биатлоны, кæцы ацæудзæн Волгограды областы Прудбойы полигоныл Ӕппæтæфсæддон хъæзтыты-2017 фæлгæтты, хъусын кæны УФ Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæ.

Военнослужащие 4 военной базы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры уæвæг базæ баххæст кæндзысты уалдзыгон æрсидты æфсæддонтæ

Зылды куыд банысан кодтой, афтæмæй Прудбойыл ацæугæ æвзæрстон ерысты, хуссарирыстойнаг экипажæй дарддæр райстой хайад республикæтæ Хъырым, Цæгат Ирыстон, Дагестан, Цæцæн, Ставрополы æмæ Краснодары крайты, Волгограды областы дæлхайадтæ æмæ баиугæндтæ, афтæ ма Сомихстон æмæ Абхазы уæрæсейаг базæты æфсæддон службæгæнджытæ.

"Мæйы дæргъы Прудбойы полигоныл цыппар хуыздæр экипажы бæрзонддæр кодтой сæ æфсæддон дæсныйад. Финалон тренировкæты сбæлвырд уыдзæн экипаж, кæцы хъахъхъæндзæн зылды кад Ӕппæтæфсæддон хъæзтыты", — бафтыдта ХӔЗ-ы минæвар.

Танкон биатлонæй æппæтæфсæддон этап ацæудзæн 5-10 июны Волгограды областы Прудбойы иумæйагæфсæддон полигоныл. Хайад дзы райсдзысты Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты авд хуыздæр экипажы, кæцытæ хъахъхъæндзысты Хуссар, Ныгуылæйнаг, Централон æмæ Скæсæйнаг æфсæддон зылдты, афтæ ма Цæгаттаг флот æмæ Казаны танкон ахуыргæнæндоны кад.

Ног хабӕртты лентӕ
0