Хуссар Иры ног премьер дзырд дæтты министртæй фылдæр бæрндзинад домын

© Sputnik / Алексей КовалевЗдание правительства
Здание правительства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны размæцыд комкоммæ баст у хицауады эффективон куыст æмæ профессионалон кадртимæ, фехъусын кодта Пухаты Эрик

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны ног премьер-министр Пухаты Эрик дзырд дæтты хицауады кусты эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнын æмæ министртæй фылдæр бæрндзинад домын.

Хуссар Ирыстоны парламент дыццæджы схъæлæс кодта Пухаты Эрикы кандидатурæйæн хицауады сæрдары бынатмæ.

Эрик Пухаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауады ног сӕрдарӕй снысан кодтой Пухаты Эрикы

"Ног командæ хъуамæ скъуыддзаг кæна республикæйы размæцыды бындурон фарстытæ. Уымæ гæсгæ алы министр дæр хъуамæ йæ куыст кæна æппæт бæрнимæ. Хъæуы аразын эффективон социалон сферæ, паддзахадон службæйы кадрон политикæ хуыздæр кæнын æмæ дохтырты æмæ ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонддæр кæнын. 2013 азы райстгонд паддзахадон службæйы концепци нæ кусы — ног сывæллæтты рынчындоны, зæгъæм, ис профессионалты дефицит", — загъта Пухаты Эрик.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног хицауады хъæуы балхынцъ кæнын 2015-2017 азтæн инвестицион программæйы реализаци æмæ бакусын ногыл — 2018-2019 азтæн.

"Ног программæйы стæгдар ныридæгæн у цæттæ. Йæ æлхынцъон вариант сфидар кæныны хайад райсдзысты парламенты депутаттæ дæр", — банысан кодта Пухаты Эрик.

Хуссар Ирыстоны хицауад йе ‘ххӕстбартӕ суӕгъд кодта 24 апрелы, президент Бибылты Анатолийы йӕ бынатмӕ бахизыны фӕстӕ. Министрты ног кабинеты сфидары онг министрӕдты сӕргълӕуджытӕ ӕххӕст кӕндзысты сӕ хӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0