Нургалиев басгӕрста Хуссар Ирыстоны уӕлхох фӕндаджы арӕзтад

© Пресс-служба Президента и Правительства РЮОРашид Нургалиев и Леонид Тибилов
Рашид Нургалиев и Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕндаджы арӕзтад бабӕрӕг кодтой президент Тыбылты Леонид ӕмӕ Хуссар Ирыстонмӕ дыууӕбонон визитимӕ ӕрцӕуӕг УФ Ӕдасдзинады советы секретары хӕдивӕг Рашид Нургалиев.

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Синагур — Карзаманы фӕндаджы арӕзтад фӕстӕ нӕ лӕууы снысангонд графикӕй, фӕлӕ аразджытӕ ныфс дӕттынц куыстытӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын дӕс бон раздӕр.

Встреча Л.Тибилова и Л.Кузнецова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кузнецов радзырдта президентӕн Цхинвалы арӕзтадон объекттыл фенгӕ уавӕры тыххӕй

Дыццӕджы фӕндаг бабӕрӕг кодтой президент Тыбылты Леонид ӕмӕ Хуссар Ирыстонмӕ дыууӕбонон визитимӕ ӕрцӕуӕг УФ Ӕдасдзинады советы секретары хӕдивӕг Рашид Нургалиев, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Гуыззыттаты Эдуарды ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕнгӕрон фӕндагыл куыстытӕ цӕуынц графикыл, кӕцымӕ гӕсгӕ объект эксплуатацимӕ хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа 25 ноябры.

"Фӕлӕ кусджытӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй куыстытӕ балхынцъ кӕндзысты ӕмгъуыдӕй раздӕр — 15 ноябры", — загъта уый.

Фӕндагон арӕзтады комитеты сӕргълӕууӕг радзырдта, ныртӕккӕ фӕндагыл цы куыстытӕ цӕуынц ӕххӕст, уыдон тыххӕй. Фӕндагон ӕдасдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнынӕн ӕвӕрд цӕуынц ӕфсӕнбетонон конструкцитӕ ӕмӕ фӕндагон амонӕгтӕ, кӕцыты нымӕц уыдзӕн, проекты куыд нысан уыд, уымӕй фылдӕр.

© Пресс-служба Президента и Правительства РЮОСинагур – Карзаманы фӕндаг
Дорога Синагур-Карзман - Sputnik Хуссар Ирыстон
Синагур – Карзаманы фӕндаг

"Уӕлхохы арӕх вӕййы мигъджын боныгъӕд, уымӕ гӕсгӕ мах аскъуыддзаг кодтам фылдӕр сигналдӕттӕн амонӕгтӕ сӕвӕрын. Уымӕй дарддӕр ма, проектмӕ гӕсгӕ, фӕндагон хайы уӕрх у 4,5 метры, мах та фӕуӕрӕх кодтам 6 метры онг, уый та ратдзӕн фадат ӕмрӕстӕджы цы фӕнды габаритты дыууӕ машинӕйӕн цӕуынӕн", — загъта Гуыззыттаты Эдуард.

Фӕндагыл архайынц 400 кусӕгӕй фылдӕр, кӕцытӕ йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, райстой егъау фӕлтӕрддзинад ӕмӕ куыстытӕ ӕххӕст кӕнынц гъӕдджынӕй ӕмӕ профессионалонӕй.

Нургалиев банысан кодта, Цхинвал — Ленингоры фӕндаг аразыныл кусджытӕ цы фӕлтӕрддзинад райстой, уый ӕнӕхъуаджы кӕй нӕ фесӕфт ӕмӕ ныр фенӕн ис куыстӕ профессионалон ахастӕн.

Встреча Рашида Нургалиева и Леонида Тибилова в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы МХМ, ӔФС ӕмӕ СК кусджытӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирмӕ сӕ коллегӕтӕм

"Ныфсджынӕй зӕгъӕн ис, ацы фӕндагыл цӕрджытӕн кӕй уыдзӕн фадат Карзманӕй Синагурмӕ цӕуын, арӕнхъахъхъӕнджытӕн дӕр уыдзӕн фадат сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Фӕндагыл ис ацӕуӕн, арӕзт ӕрцыдысты уавӕртӕ, цӕмӕй цӕрджытӕ кӕрӕдзимӕ цӕуой. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, фыццаг хатт ацы фӕндагыл цӕугӕйӕ, куыд бахъуыдыстӕм ӕртӕ сахаты. Ныр нӕ цӕстыты раз ис бынтон ӕндӕр ныв", — загъта уый.

Фарон апрелы цы фӕндаджы арӕзтад райдыдта, уымӕн уӕрӕсейаг бюджетӕй рахицӕн ӕрцыд 370 милуан сомы. Йӕ иумӕйаг дӕргъ у 10,8 км бӕрц.

Ног хабӕртты лентӕ
0