ПӔК бакодта уголовон хъуыддаг Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Григорий Кулиджановы ныхмæ

© Мария КотаеваГригорий Кулиджанов
Григорий Кулиджанов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Комитеты зæрдæ æхсайы Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры х. æ. Григорий Кулиджанов æмæ йæ хæдивæг Зассеты Ӕхсармæ сæ куыстмæ уæлæнгай ахастмæ

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет бакодта уголовон хъуыддаг республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры х. æ. Григорий Кулиджанов æмæ йæ хæдивæг Зассеты Ӕхсары ныхмæ "Куыстмæ æнæмæт ахасты" статьяйы фæдыл, радзырдта журналисттæн пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы ПӔК-ы сæргълæууæг Виктор Шаргаев.

Автозаправочные станции Газпромнефть в Омске - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК æрцахста "Югосетнефтепродукт"-ы къухдариуæггæнджыты

"Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады ведомствæйы сбæлвырд æрцыд куыстмæ æнæмæт ахаст Григорий Кулиджанов æмæ Зассеты Ӕхсары æрдыгæй. Баконд æрцыд уголовон хъуыддаг. Медикаменттæ æлхæд цæуынц фæткхæлдимæ. Медикаменттæ æлхæныны фæдыл къамис нæ кусы, ницы тендер расидт не ′рцыд",- загъта Шаргаев.

Уый бамбарын кодта, уголовон хъуыддаг бакæнынæн бындур кæй ссис медикаменттæ æлхæныны аргъ фæбæрзонддæр кæнын.

"Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады нын медикаментты æргъты фæдыл цы прейскурант равдыстой, уый уæрæсейаг æргъты прейскурантæй у 1,5 хатты зынаргъдæр. Ацы инцидент ссис ацы уагдоны басгæрст ауадзыны аххосæг", — загъта ПӔК-ы сæргълæууæг.

Шаргаевы ныхæстæм гæсгæ, МХМ-ы экономикон фыдракæндты ныхмæ хайад ивгъуыд азы кæронæй фæстæмæ уадзы басгæрст Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады.

Раздæр ПӔК бакодта уголовон хъуыддæгтæ Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады министр Плиты Виталий æмæ ПУК "Югосетнефтепродукт"-ы къухдариуæггæнæджы ныхмæ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0