Гасситы Сослан - Европæйы тыхджындæр армхæцæг

© Sputnik / Фатима ПлиеваСослан Гассиев-чемпион Европы и Мира по армлеслингу
Сослан Гассиев-чемпион Европы и Мира по армлеслингу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг 20-аздзыд спортсмен армспорты архайы 2012 азæй фæстæмæ, уæдæй нырмæ уый рамбылдта Европæ æмæ дунейы чемпионатты 9 сыгъзæрин майданы. Уæлахизтыл "буцахуыр" ныр та бæллы дунейы абсолютон чемпион суæвынмæ

ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг армхæцæг Гасситы Сослан æрыздæхт Ирыстонмæ Европæйы чемпионатæй æртæ майданимӕ. Ӕвзæнгты хсæн уый рахиз æмæ галиу къухтæй ссис уæлахиздзау, хистæр кары категорийы та райста йæ фыццаг майдан галиу къухæй — нырма бронзæ. 

Хуссар Иры ныры иууыл æнтысджындæр 20-аздзыд армхæцæг ацы спорты архайы 2012 азæй фæстæмæ. Сослан фондз азмæ цалдæр хатт ссис Европæ æмæ дунейы чемпион, йæ спортивон сыгъзæринты хæзнадоны ис 9 майданы, фæлæ уыдоныл нæ хъæцы.

Милена Догузова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг армрестлер Дыгъуызты Милена ссис Европæйы фыццагады æвзист призер

Ӕвзонг спортсмен фæуазæг ис Sputnik æмæ радзырдта, куыд райдыдта йæ балц сыгъзæрин майдантæм, афтӕ ма йӕ дарддӕры фӕндтыл.

"Мæ фыд Мелс мӕ чысылæй фæстæмæ тынг цайдагъ кодта спортыл. Нæ хæдзармæ хæстæг мын сарæзта турник, уый нырма дæр лæууы — мæ турник æй хонынц. Стæй мæ "батардта" уæгъдибар хъæбысхæстмæ. Спорт тынг уарзтон ӕмӕ уарзын, фӕлӕ фæндзæм къласы райстон травмæ æмæ уый фæстæ хъæбысхæсты стыр æнтыстмæ æнхъæлмæ кæсæн нал уыд. Уый фæстæ бацыдтæн армспортмæ", — дзуры Сослан.

Спорты ацы хуызы Сосланмӕ ӕнхъӕлмӕ каст ӕнтыст. Йӕ кармӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, уый рамбылдта Европæ æмæ дунейы чемпионатты бирӕнымӕц майдантӕ.

Уæрæсейы фондз хатты, Европæйы цыппар хатты æмæ дунейы æртæ хатты чемпион Гасситы Сослан иуварс кæны, спорты сæйраг тых кæй у, уыцы хъуыды. Йе ‘нтыстытæ уый хоны æппынæдзух фыдӕбон æмæ тренерты хорз куысты фæстиуæг.

"Сæйраг у хиуыл кусын æмæ хорз тренер. Мæ фыд мæ бакодта спортмæ, тренер мӕ раст фæндагыл слæууын кодта, аннæ та уыд мæхи бæрны. Домбай тыхы хицау дæр æдзæттæйæ ницы рамбулдзæн. Мæ амондæн мыл фембæлдысты хорз тренертæ — фыццаг Джиоты Валерий æмæ стæй та Болататы Владимир", — дзуры армхæцæг.

Лæппу йӕ сыгъзæрин майдантæ нымайгæйæ йæхæдæг дæр сæ нымæцы хæццæ кæны, фæлæ фидарæй зоны — тохты галиу къухæн фылдæр æнтыстытæ ис.

"Дыууæ къухæй дæр тох кæнын, фӕлӕ мын мæ нымадмæ гæсгæ галиу къух æнтыстджындæр у, уымæн фылдæр сыгъзæрин майдантæ ис. Рахиз къухæн мын чысыл травмæ уыд æмæ гæнæн ис æмæ уый аххосæй афтæ у", — банысан кодта уый.

© Из личного архива Сослана ГассиеваГасситы Сослан Европæйы ерысты
Сослан Гассиев-чемпион Европы и Мира по армлеслингу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Сослан Европæйы ерысты

Сосланæн йæ хорзæхтæ иууылдæр сты æрыгæтты категорийы. Ацы аз Европæйы чемпионаты йæхи фыццаг хатт бафæлвæрдта 21 карæй хистæрты хсæн, уым та райста бронзæ майдан.

"21 азы карæй уæлæмæ спортсменты хсæн дæр Уæрæсейы рацыдтæн æвзæрст. Тынг тыхджын спортсментæ дзы уыд, райстон бронзæ майдан галиу къухæй. Хуыздæр мæ хъуыд бацархайын æмæ чизоны æвзист дæр райстаин", — æрымысыд йæ тох спортсмен.

Лӕппуйы тренер Джиоты Валерий дæр сæрыстыр у йæ хъомылгæнинаджы æнтыстытæй ӕмӕ йын ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ дарддӕры уӕлахизтӕм.

"Ӕрбацыд мæм 7-æм къласы. Тынг кусы йæхиуыл, тыхæй дæр фидар лæппу у. Мӕнæ та сентябры цæуы ногæй дунейон ерыстæм Венгримæ ӕмӕ мӕ ныфс ис, кӕй ӕрыздӕхдзӕн уӕлахизимӕ", — радзырдта тренер Джиоты Валерий.

Уæлахизтыл "буцахуыр" ныр та бæллы дунейы абсолютон чемпион æмæ хистæр кары дæр иууыл тыхджындæр армхæцæг суæвынмæ.

"Иудзырдæй мын нырма рамбулинаг ерыстӕ бирæ ис", — балхынцъ кодта Сослан.

13-21 майы польшæйаг горæт Катовицайы ацыд Европæйы чемпионат армрестлингæй. Ерысты архайдтой 900 спортсмены. Уæрæсейы æмбырдгонд райста фыццаг бынат иумæйаг командон хыгъды. Уæрæсейаг къорды æнтысты стыр хайбавæрд уыд ирон æрмтохгæнджытæн, уæлахиздзауты фылдæр бæрц уыдысты ирӕттӕ. Се ʻхсæн цхинвайлаг армæхцджытæ Гасситы Сослан, Хæбæлаты Эдуард æмæ Дыгъуызты Милена.

Ног хабӕртты лентӕ
0