Цæгат Ирыстоны æрæхгæдтой тамакойы æнæзаконон кондад

© Sputnik / Руслан Кривобок /  Ахизын медиабанкмæТабачная фабрика
Табачная фабрика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Байстæуыд 200 мин пачкæйы контрафактон тамакотæ æмæ 7 тоннæй фылдæр тамакойы æрмæг, афтæ ма ахст æрцыдысты æнæзаконон архайдыл хæст 8 фæсарæйнаг æмбæстаджы

ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik. Цæгат Ирыстоны полийцийы кусджытæ æрæхгæдтой тамакойы æнæзаконон кондад. Оперативон-агурæн мадзæлтты рæстæджы байст æрцыд 200 мин пачкæйы контрафактон тамакотæ æмæ 7 тоннæй фылдæр тамакойы æрмæг, хъусын кæны УФ МХМ-ы пресс-службæ.

"Оперативон-агурæн мадзæлтты рæстæджы, РЦИ-Аланийы МХМ-ы æмæ РЦИ-Аланийы ӔФС-ы Арæнгæрон управленийы кусджытæ кæрон скодтой тамакойы продукцийы егъау кондады æнæзаконон архайдæн", — фехъусын кодта Уæрæсейы МХМ-ы официалон минæвар.

Бæлвырд æрцыд, контрафактон продукци арæзт кæй цыд Дзæуджыхъæуы æфтауцон бæстыхæйттæй иуы территорийыл.

Партия контрабандных сигарет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕныл ӕрцахстой тамакойы егъау парти

Территори басгæрсты рæстæджы байст æрцыдысты 200 мин пачкæйы контрафактон тамакотæ уæрæсейаг логотиптимæ æмæ 7 тоннæй фылдæр тамакойы æрмæг.

Дзæуджыхъæуы полици бакодта уголовон хъуыддаг "æнæзаконон амалиуæгады" статьямæ гæсгæ.

Ахст æрцыдысты аст фæсарæйнаг æмбæстаджы, кæцытæ кодтой æнæзаконон архайд. Ӕртæйы ныхмæ дзы дзæуджыхъæуккаг тæрхондон рахаста уынаффæ уыдон УФ-йы территорийæ административон æгъдауæй феддæдуар кæнын. Баконд æрцыдысты фæсарæйнаг æмбæстæгты рæстæгмæдарæн центры.

Слестгæнæн органтæ агурынц ацы æнæзаконон архайды организаторты æмæ æмархайджыты.

Ног хабӕртты лентӕ
0