"Аланты фыццагад": Цхинвалы сæ тыхтæ æвзарынц 200-йӕ фылдӕр богалы

© Sputnik / Наталья АйриянБорцы
Борцы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы æрбакодтой уæгъдибар хъæбысхæстæй республикон ерыстæ "Аланты фыццагад". Боны кæронмæ фæбæрӕг уыдзысты республикæйы тыхджындæр æмæ арæхстджындæр богалтæ

ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уæгъдибар хъæбысхæстӕй ерыстæ "Аланты фыццагад"-ы Цхинвалы архайы 209 богалы, уыдон дих сты 33 уæзы категорийыл æмæ æртæ карыл.

Спорты галуан "Олимп"-ы цытджын уавæры æрбакодтой республикон фыццагад уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыстæм æрæмбырд ис
хъæбысхæцджыты рекордон нымæц.

Мадзал йæ раныхасæй бакодта Хуссар Иры спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент, УФ сгуыхт тренер Тедеты Дзамболат.

"Фыццаг хатт уадзæм Аланийы фыццагад. Мæ зæрдæ зæгъы богалтӕн æнтыстытæ æмæ спортивон амонд. Гауыз рабæрæг кæндзæн тыхджындæрты, мæн та ныфс ис, абон чи тох кæны, уыдоны нæмттæ нæм кæй хъуысдзысты Европæ æмæ дунейы ерыстæй", — загъта Тедеты Дзамболат.

Чысыл богалтæн раарфæ кодта паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолий дæр. Абон спортивон амонд кæмæ нæ бахуда, уыдон та бафæдзæхста, цæмæй сæ ныфс ма сæтта ӕмӕ дарддӕр тырной уӕлахизтӕм.

Цхинвалаг боксертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ногӕй та уӕлахиз: Цхинвайлаг боксертæ рамбылдтой дæс майданы "Динамо"-йы турниры

"Ирон богалты дæсныйад алы хатт дæр бæрзонд уыд. Ирыстоны ахæм адæймаг æвæццæгæн нæ баззад, чысылæй хъæбысæй чи нæ рахæцыд. Иу уысм дæр нæ гуырысхо кæнын, абон гауызмæ чи рахиздзæн, уыдоны хсæн кӕй ис фидæны чемпионтæ. Абон спортивон амонд кæмæ нæ бахуда, уыдонæн та сæ къуыхцы ног уæлахизтæм тырнынæн феххуыс уæд. Ӕрмæстдæр размæ æмæ размæ", — банысан кодта президент йæ раныхасы.

Тохтӕ цæуынц спорты галуан "Олимп"-ы дыууæ гауызыл. Тыхджындæртæ фæбæрæг уыдзысты изæры.

Ног хабӕртты лентӕ
0