"Аланты фыццагад" рабæрæг кодта 35 чемпионы

Рафыссын
Турниры хорзæхтыл тох кодтой 209 богалы 33 уæзы категорийы. Фæстиуджытæм æнæкæсгæйæ, хъæбысхæцджыты уырны, фидæны кæй сфæлхатт кæндзысты ирон богалтæ Къудухты Бесик æмæ Рӕмонаты Сосланы æнтыстытæ.

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уæгъдибар хъæбысхæстӕй ерыстæ "Аланты фыццагад" рабæрæг кодта 35 тыхджындæр æмæ архæстджындæр богалы сывæллæтты æмæ фæсивæды хсæн, уыдон райстой кубоктæ, майдантæ æмæ æхцайы премитæ.

Борцы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Аланты фыццагад": Цхинвалы сæ тыхтæ æвзарынц 200-йӕ фылдӕр богалы

Спорты галуан "Олимп"-ы боны дæргъы ерыс кодтой Цхинвалы уæгъдибар хъæбысхæсты секциты хъомылгæнинæгтæ. Дæс сахаты дæргъы тохты фæстиуæгæн фæбæрæг сты 33 уæзы категориты тыхджындæр спортсментӕ. Афтæ ма ерысты организатортӕ радтой сæрмагонд призтæ — "Хуыздæр техникæ" æмæ "Уæлахизмæ тырнындзинад"-ы тыххæй. Уыцы призтӕй рахицæн кодтой Козаты Александр æмæ Бежанты Чермены.

Уæлахиздзауты хорзæх кодтой Хуссар Иры спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Тедеты Дзамболат, вице-президенттæ Уалыты Денис æмæ Дмитрий, номдзыд тренертæ æмæ спортсментæ.

Козаты Александры ерыстæ рацыдысты "тыллæгджын", уый ахаста фыццаг бынаты майдан, кубок, æхцайы премитæ æмæ сæрмагонд приз "Уæлахизмæ тырнындзинад". Лæппу катай кæны, цæуыл бахардз кæндзæн йæ фыццаг премитæ æмæ йæ уырны, йæ сæйраг уæлахизтæ нырма разæй кæй сты.

"Ӕртæ тох рамбылдтон абон. 8-æм къласы ахуыр кæнын, уæгъдибар хъæбысхæстæй та мæ цæттæ кæны тренер Тедеты Мурат. Мæ сæйраг нысан та у олимпиаг чемпион суæвын", — радзырдта уæлахиздзау.

209 æвзонг хъæбысхæцæджы, кæцыты æрбамбырд кодта "Аланты фыццагад", цыма æмдзырд сты, афтæ ныфсджынæй дзурынц, олимпиаг хъæзтытæ кæй рамбулдзысты æмæ Ирыстон æмæ сæ ном кӕй скадджын кæндзысты. Ӕвзонг бæллицдарджытæн сæ фылдæр тырнынц Къудухты Бесикы, науæд та Рæмонаты Сосланы фæндаг спорты сфæлхатт кæнынмӕ. Кæд фыццаг номдзыд ирон богалæн йæ олимпиаг сыгъзæрин майдан райсын нæ бантыст, уæддæр уый сывæллæттæн у сæ сæйраг кумир.

Ног хабӕртты лентӕ
0