Хуссар Ирыстоны президент хайад райсдзæн ПӔЭФ-ы

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæМероприятия в рамках деловой программы ПМЭФ 2017
Мероприятия в рамках деловой программы ПМЭФ 2017 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий райсдзæн хайад Петербургаг æхсæнадæмон экономикон форумы пленарон рабадты æмæ ауадздзæн фембæлдтæ республикæмæ инвестицитæ æрбаздахыны нысанæн

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзæн Петербургаг æхсæнадæмон экономикон форумы (ПӔЭФ). Делегацийы сæргъ слæудзæн президент Бибылты Анатолий, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Ведомствæйы куыд банысан кодтой, афтæ ма делегацийы сконды сты финансты министр Хæбæлаты Азæ æмæ УФ-йы уæвæг РХИ-ы минæвар Гасситы Знауыр.

ПÆЭФ-ы хайадист - Хуссар Ирæн инвестортимæ бастдзинæдтæ сфидар кæныны фадат

"Бибылты Анатолий райсдзæн хайад ПӔЭФ-ы пленарон рабадты, афтæ ма ауадздзæн фембæлдтæ УФ-йы субъектты сæргълæуджытимæ, политикон архайджытимæ, егъау куыстуæтты къухдариуæггæнджытимæ республикæмæ инвестицитæ æрбаздахыны нысанæн", — хъусын кæны пресс-службæ.

Петербургаг æхсæнадæмон экономикон форум у уникалон цау экономикæ æмæ бизнесы дунейы. Уый арæзт æрцыд 1997 азы, 2006 азæй фæстæмæ та уагъд цæуы УФ-йы президенты хайадист æмæ патронаты бын. Ивгъуыд дæс азы форум ссис раззагондæр фæзуат, цы ран æрæмбырд вæййынц амалхъом адæм æмæ цы ран уынаффæтæ цæуынц Уæрæсейы æмæ дунейы размæцæугæ бæстæты раз лæууæг ахсджиаг экономикон фарстытыл.

Ацы аз форум ацæудзæн Санкт-Петербурджы 1-3 июны. Форумы сæ хайадист абоны бонмæ бафидар кодтой 39 министры 26 бæстæйæ. Хайадисджыты иумæйаг нымæц — фондз мин адæймагæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0