ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий Санкт-Петербурджы ауагъта фембæлд Сербаг республикæйы президент Милорад Додикимæ, хъусын кæны РХИ президенты пресс-службæ.
Фембæлды нысан, Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, уыд бастдзинæдтæ фидар кæнын Сербаг республикæимæ.
"Махæн ис æмхуызон хъысмæттæ, нæ цæрджытæ 'мбæлдысты иугъуызон проблемæтимæ, ис нын иумæйаг нысæнттæ, иумæйаг æмгæрттæ æмæ иу дин", — загъта Бибылты Анатолий.
Милорад Додик æрдзырдта, цы проблемæтæ 'взарынц йæ адæм, ныгуылæйнаг бæстæты æндæвдадыл республикæйыл æмæ хæдбар паддзахады хуызы размæцыдмæ тырнындзинадыл.
Уый ма равдыста цæттæдзинад Республикæ Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ фидар кæнынмæ.
"Ӕхсызгон мын у нæ базонгæдзинад, мах нæ хъус дарæм Хуссар Ирыстоны цæугæ цаутæм, зонæм, цы уæм æрцыд, мæт уыл кодтам. Ныр ныллæууыд сабырад, мах хъуамæ слæууæм арæзтады фæндагыл. Цæттæ стæм æмгуыстадмæ", — загъта Додик.
Бибылты Анатолий æмæ Мирослав Додик сæ кæрæдзи фæхуыдтой уазæгуаты.
Развæлгъау бадзырдмæ гæсгæ, Сербийы президент ис гæнæн æмæ æрцæуа Хуссар Ирыстонмæ 20 сентябры — Республикæйы бонмæ. Бибылты Анатолийы та фæхуыдтой райсын хайад Сербаг республикæйы боны цытæн мадзæлтты, кæцы нысан цæуы 9 январы.
Бæстæты разамонджытæ радтой сæрмагонд хæслæвæрдтæ Хуссар Ирыстоны æмæ Сербийы минæвæрттæн Уæрæсейы Федерацийы.