ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik. Хуссарирыстойнаг ӕрыгон музыканттӕ хайад райсдзысты IX æхсæнадæмон фестиваль-конкурс "Звёздочки Адыгеи"-йы, фехъусын кодтой Sputnik культурæйы министрады.
Музыкалон мадзал уагъд цæудзӕн Майкопы 2-5 июны федералон нысанмæздæхт программмæ "Уæрæсейы культурæ 2012-2018 æзты" æмæ Адыгейы культурæйы райрæзты программæмæ гæсгæ.
"Фестиваль-конкурсы Хуссар Ирæй архайынц фыццаг музыкалон скъолайы ахуырдзаутæ Ходты Арсен, уый цæгъддзæн ирон фæндырыл, стæй ма гумысæгыл цæгъдджытӕ Козаты Диана æмæ Гæззаты Алена. Уыдон сæ арæхстдзинад равдисдзысты инструменталон жанры номинацийы", — загъта уагдоны пресс-секретарь Остъаты Мӕдинӕ.
Уый банысан кодта, фестивалы ма хайад кӕй райсдзысты музыкалон уагдоны ахуыргæнджытæ Куымæридтаты Тина æмæ Пухаты Альбина дӕр.
"Звёздочки Адыгеи" у престижон гуырахстджын проект, кæцы æрвылаз дæр æрæмбырд кæны мингай курдиатджын сывæллæттæ.