Хуссар Ир баййæфта ноджы иу егъау фембылд ConIFA-йы

Рафыссын
Хуссарирыстойнаг æмбырдгондæн нæ бантыст турниры æрдæгфиналмæ рахизын - группæйон этапы фæстаг хъазты фембылд Карпаталияйы командæйæн

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. ConIFA версимæ гæсгæ футболæй Европæйы чемпионаты группæйон этапы фæстаг матчы Хуссар Ирыстоны командæ фембылд Карпаталияйы командæйæн 4:1 хыгъдæй, хъусын кæны Sputnik Абхазия.

Игра в футбол на цхинвальском стадионе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд фембылд ЕЧ-ы фысымтæн 8:0 хыгъдæй

Раздæр ирон футболисттæ фембылд сты сæ фыццаг матч Абхазы æмбырдгондæн 2:1 хыгъдæй, дыццæджы та фембылд сты турниры фысымтæн — Цæгат Кипрæн — 8:0 хыгъдæй.

Параллелон матчы та Абхазы æмбырдгонд ахъазыд æмдыхæй Цæгат Кипры командæимæ æмæ рахызт æрдæгфиналмæ.
Хæдбар футболон ассоциациты конфедераци арæзт æрцыд 2013 азы. ConIFA мæ бацыд, FIFA-йы скондмæ чи нæ бахызт, ахæм 25 бæстæйы футболы æмбырдгæндтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0