Президент: парламент æмæ хицауады æмархайд уыдзæн æнтыстджын

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент æмæ спикеры фембæлд
Президент æмæ спикеры фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент раарфæ кодта парламенты ног сæргълæууæгæн æмæ равдыста ныфс, политикон тыхтæ иууылдæр кæй æрбангом уыдзысты "бæстæйæн лæггад кæныны хъуыддаджы"

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Политикон тыхты консолидаци парламенты хорзырдæм бандавдзæн Хуссар Ирыстоны цæрджыты цардыл, загъта президент Бибылты Анатолий парламенты спикер Гасситы Петримæ фембæлды рæстæджы.

Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Петр: хицауады дыууæ къабазы æхсæн конфронтацийы дуг аивгъуыдта

Паддзахады сæргълæууæг цыппæрæмы фембæлд парламенты ног спикеримæ æмæ йын раарфæ кодта ацы бынатмæ равзæрсты фæдыл.

"Уый у тынг бæрнон бынат, кæцы домы æппæт тыхтæ æмæ энергийы мобилизаци. Мах хъæуы бакæнын стыр куыст ахæм законопроектты фæдыл, кæцытæ фæхуыздæр кæндзысты не ′мбæстæгты цард", — хъусын кæны президенты ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Бибылты Анатолий банысан кодта, хицауады æххæстгæнæн æмæ закондææттæн къабæзты æхсæн быцæудзинæдтæ кæй баззадысты ивгъуыды æмæ ныр хицауады дыууæ къабæзты æмгуыстад уыдзæн æнтыстджын.

Президент ма равдыста ныфс, кæй адарддæр уыдзæн депутатты æнтыстджын куыст цæрджытимæ æмæ æппæт политикон тыхты консолидаци парламенты.

"Стыр ныфс мæ ис, парламенты цы политикон тыхтæ ис, уыдон иууылдæр кæй æрбангом уыдзысты сæ адæмæн лæггад кæныны хъуыддаджы. Фидарæй мæ уырны, уымæн кæй ис бындур", — загъта уый.

Гасситы Петр загъта бузныг президентæн хъарм ныхæсты тыххæй æмæ банысан кодта, кæй хынцы æппæт бæрндзинад, кæцы æвæрд æрцыд йæ уæхсджытыл ацы постмæ равзæрстимæ.

Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент равзæрста ног спикеры

"Ныфс ма мæ ис уымæй æмæ, парламенты сæргълæууæджы хуызы Ды куыстай бирæ вазыгджындæр уавæрты — хицауады æндæр къабæзтимæ ныхмæлæуды уавæрты", — загъта уый æмæ бавæрдта ныфс президентæн парламенты æрдыгæй æххуысæй.

Президент æмæ спикер ма æруынаффæ кодтой парламенты депутатты радон æвзæрстытыл, кæцытæ уагъд æрцæудзысты 2019 азы. Гасситы Петр банысан кодта, кæй сараздзæн æппæт дæр, цæмæй уыдон ацæуой законмæ гæсгæ.

Дзырд ма цыд æвзæрстыты пропорционалон-мажоритарон системæмæ рахызтыл. Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, 2018 азмæ хъæуы бацæттæ кæнын æнæмæнгхъæуæг закондæттæн базæ æмæ ныридæгæн райдайын проектыл кусын.

Ныхас ма цыд парламенты рахызтыл профессионалон бындурмæ, афтæ ма паддзахадон службæйы æмæ чысыл æмæ астæуккаг бизнесы уæлбар кредиткæнынады фæдыл закæттыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0