Хъӕбысхӕцӕг Байаты Дауыт ссис Уӕрӕсейы чемпионаты бронзӕйон призер

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæУӕгъдибар хъӕбысхӕст
Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Байаты Дауыт саразӕта чысыл сенсаци, уый рамбылдта дунейы архайгӕ чемпион Магомед Курбаналиевы

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Назраны ирон богал Байаты Дауыт рамыблдта бронзӕйон майдан.

Российский борец Сослан Рамонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Богал Рæмонаты Сослан рауадздзæн Уæрæсейы чемпионат Назраны

Ирон богал сарӕзта чысыл сенсаци, уый рамбылдта дунейы архайгӕ чемпион Магомед Курбаналиевы, фӕлӕ ӕрдӕг финалы фембылд дагъыстанаг богал Магомад Дибиргаджиевӕн. Ӕртыккаг бынатыл тохы уый рахызт Алибек Акбаевы ныхмӕ. Бронзӕйы сӕраппонд тох аскъуыддзаг 6:3 хыгъдӕй ирон богалы пайдайӕн.


"Ӕрдӕг финалы фембылдмӕ ӕнкӕсгӕйӕ Байаты Дауыт ссис чемпионаты стъалы — йӕ ирд тох никӕй ныууагъта уазалзӕрдӕйӕ, — хъусын кӕны спортивон хъӕбысхӕсты федерацийы официалон сайт wrestrus.ru.

Уӕрӕсейы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй цӕуы Назраны. Тохтӕ аскъуыддзаг уыдзысты 14 июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0