Уæрæсейы чемпионаты финалмæ ахызтысты æртæ ирон богалы

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæВольная борьба
Вольная борьба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сыгъзæрин майдантыл стох кæндзысты Гогаты Алан, Цæболты Хетæг æмæ Байцаты Владислав

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Æртæ ирон богалы хицæн уæзы категориты ахызтысты уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионаты финалмæ.

Владислав Валиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уалыты Владислав ссис Уæрæсейы чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй

Чемпионаты æртыккаг бон ирон багалтæн разынд æнтыстджын — сыгъзæрин майдантыл стох кæндзысты Гогаты Алан, Цæболты Хетæг æмæ Байцаты Владислав.

Гогаты Алан ахызт финалмæ 65 килограммы уæзы, 74 килограммы уæзы сыгъзæрин майданыл стох кæндзæн Цæболты Хетæг æмæ 97 килограммы уæзы та Уæрæсейы чемпионы номыл тох æнхъæлмæ кæсы Байцаты Владиславмæ.

Уæрæсейы чемпионаты уал нырмæ уæлахиздзау ирон богал ссис Уалыты Владислав — уый рамбылдта сыгъзæрин майдан 86 кг онг уæзы категорийы. Байаты Дауыт та рамбылдта бронзӕйон майдан.

Уӕрӕсейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй цӕуы Назраны. Тохтӕ аскъуыддзаг уыдзысты 14 июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0