Хуссарирыстойнаг гимнасткæтæ æрхастой "сыгъзæрин" Сочийы турнирæй

© Sputnik / Ада БагианОткрытие спорткомплекса "Олимп" в Цхинвале
Открытие спорткомплекса Олимп в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг гимнасткæтæ цы композициимæ рамбылдтой турниры сыгъзæрин, уый сæвæрдта дунейы æмæ Европæйы чемпионкæ аивадон гимнастикæйæ, Уæрæсейы сгуыхт тренер Сания Глызина

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссарирыстойнаг гимнасткæтæ рамбылдтой сыгъзæрин майдан эстетикон гимнастикæйæ Гом сæрдыгон турниры "Алые паруса" Сочийы, радзырдта Sputnik командæйы тренер Цхуырбаты Зема.

Эстетикон гимнастикæйæ ерысты организатортæ сты Краснодары крайы Эстетикон гимнастикæйы Федераци æмæ гимнастон клуб "Небеса". Ерысты хайад истой 50 командæйæ фылдæр алыгъуызон кары къордты.

"Мах тынг сæрыстыр стæм нæ гимнасткæты уæлахизæй. Командæйы сты æхсæзæй. Ӕрæджы уыдыстæм Хъырымы, цы ран нæ къухты бафтыд æвзист. Нæ гимнасткæтæн уый ахæм егъау æнтыст фыццаг хатт нæу. Фарон группæйон ерысты мах бацахстам дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ Краснодары турниры", — радзырдта Цхуырбаты Зема.

Уый банысан кодта, кæй архайы регулярон æгъдауæй республикæмæ хонын зындгонд тренерты, цæмæй спортсменкæтæ бæрзонд кæной сæ цæттæдзинады æмвæзад.

Цхинвайлаг гимнасткӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг гимнасткӕтӕ афӕндараст сты ӕппӕтуӕрӕсейаг конкурсмӕ

"Хуссарирыстойнаг гимнасткæтæ цы композициимæ рамбылдтой турниры сыгъзæрин, уый сæвæрдта дунейы æмæ Европæйы чемпионкæ аивадон гимнастикæйæ, Уæрæсейы сгуыхт тренер Сания Глызина. Уый у дунейы зындгонд хореограф", — радзырдта спортсменкæты тренер.

Ацы аз Цхуырбаты Земайы фæхуындмæ гæсгæ, республикæмæ æрцæудзысты цалдæр зындгонд уæрæсейаг тренеры аивадон æмæ эстетикон гимнастикæйæ, кæцытæ кусдзысты хуссарирыстойнаг гимнасткæтимæ æндæр æмæ æндæр кары къордты.

Ног хабӕртты лентӕ
0