Тренер Тедеты Сосланы тохы тыххæй: ныфс нæ ис рамбулынӕй

© FacebookТренер Виталий Сланов и Сослан Тедеев.
Тренер Виталий Сланов и Сослан Тедеев. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон боксеры тренер Сланты Виталий банысан кодта, Тедеты Сосланмæ кæй æрхауд фæлтæрдджын æмæ фидар ныхмæлæууæг, кæцы ма уый æмрæстæджы кæны "чъизи тох"

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik, Козаты Диана. Боксер-профессионал Тедеты Сослан сабаты ауадздзæн радон рейтингон тох. Ацы хатт йæ ныхмæлæууæг уыдзæн чехиаг боксер Оскар Фику, загъта Sputnik спортсмены тренер Сланты Виталий.

Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Бокс – Тедеты бинонты иумӕйаг професси

Тедеты Сосланы хыгъдыл ныридæгæн ис 16 уæлахизы, уыдонæй 12 — нокаутæй. Профессионалон рингыл уый фæхæрд æрмæстдæр иу хатт.

"Тедеты Сосланмæ 12 июны æнхъæлмæ кæсы астраундон тох чехиаг боксер Оскар Фикуимæ. Сахуыр кодтам ныхмæлæууæджы, ис зæгъæн æмæ кæй у фидар æмæ фæлтæрдджын, фæлæ уый æмрæстæджы кæны тынг "чъизи тох". Мах хорз бацæттæ кодтам нæхи ныхмæлæудмæ, ныфс нæ ис фидарæй рамбулын", — загъта Сланты Виталий.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд ацы тохы алцыдæр хорз ацæуа, уæд июлы та Сослан ауадздзæн 10-раундон тох Францы.

Ног хабӕртты лентӕ
0