Цæгат Иры арæныл байстæуыд 500 литры сæн Гуырдзыстонæй

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæРабота компании "Вина и воды Абхазии" в Сухуми
Работа компании Вина и воды Абхазии в Сухуми - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Контролон-уадзæн пункт "Уæллаг Ларсы" урæд æрцыд Гуырдзыстоны цæрæг, кæцы бафæлвæрдта баласын Уæрæсемæ 500 литры хиарæзт сæн

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Гуырдзыстоны цæрæг бафæлвæрдта æнæзакононæй Уæрæсемæ 500 литры сæн æрбаласын, хъусын кæны 15 регион.

Партия контрабандных сигарет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕныл ӕрцахстой тамакойы егъау парти

Уадзæн пункт "Уæллаг Ларс"-ы арæнхъахъхъæнджытæ ссардтой фæсарæйнаг номыртимæ машинæйы, кæцы скъæрдта Гуырдзыстоны æмбæстаг, сусæг бынат. Уым æмбæхст уыдысты мигæнæнтæ 500 литры бæрц сæнимæ, фыссы мыхуыры орган.

Арæнхъахъхъæнджыты аргълæвæрдмæ гæсгæ, контрабандон сæны аргъ у 90 мин соммæ æввахс. Ссаргæ уаргъ, транспортон фæрæз æмæ шофыр лæвæрд æрцыдысты таможнæйон службæмæ процессуалон скъуыддзаг райсыны тыххæй.

Фæткхалæгмæ æнхъæлмæ кæсы административон æфхæрд.

Ног хабӕртты лентӕ
0