Президент бахӕс кодта милицийӕн иу мæймӕ раргом кæнын давыны цаутæ

© Sputnik / Ада БагианЗдание МВД РЮО
Здание МВД РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы къухдариуæггæнæг Бибылты Анатолий радта хæслæвæрд барадхъахъхъæнæг органтæн, фатертæй цы къæрныхтæ давынц æмæ балæбурдтæ чи аразы, уыцы фыдгæнджыты ссарын

ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий радта Мидхъуыддӕгты министрадӕн мæйы æмгъуыд, цæмæй ссара æмæ æрцахса, Цхиналы æмæ районты фатертæй цы къæрныхтæ давынц æмæ балæбурдтæ чи аразы, уыцы фыдгæнджыты.

Рейд по выявлению нарушителей правил дорожного движения - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы сарæх сты автомашинæйы хæйттæ давыны цаутæ

Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь фехъусын кодта, ивгъуыд къуыри цы аст фыдракæнд æрцыд регистраци, уыдонӕй раргом кӕй æрцыдысты фондз, "фæлæ нырма нæ бантыст æрцахсын, адавдтæ чи сарæзта, уыцы фыдгæнджыты".

"Дæттын уын мæйы æмгъуыд, цæмæй ссарат фыдгæнджыты. Ӕхсæнад хъуамæ йæхи æнкъара æдас. Мах уый тыххæй кусæм. МХМ-ы эффективон куыстæн ис алцыдæр. Кæд фыдракæндты ныхмæ архайдæн хъæуы кадрон ивындзинæдтæ саразын, уæд сæ саразут. Кæд сæ сымах нæ саразат, уæд сæ сараздзынæн ӕз", — банысан кодта Бибылты Анатолий.

МХМ-ы официалон сайты криминалон æмбырдуацмæ гæсгæ 11 майæ фæстæмæ арæзт æрцыд фондз адавды æмæ иу балæбурд. Алкæцы цауы дæр зианбаййафджытæ дзырдтой, зæгъгæ сæ адавтой æхца æмæ сыгъзæринтæ.

Бибылты Анатоийы ныхæстæм гæсгæ, фæарæхдæргонд давыны цаутæ сты МХМ-ы хисæрмагонд сконд æмæ иумæйагæй республикæйы ныхмæ сидт.

Дменис арбузы - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ бастдзинады комитеты сæргълæууæджы фæнадтой æмæ дзы байстой æхца

Уый банысан кодта, барадхъахъхъæнæг органтæ кæй хъуамæ æрбангом кæной сæ ресурстæ иууылдæр. Бибылты Анатолий сæрмагондæй бахæс кодта МХМ-ы сæргълæууæгæн раздахын отпускæй СОБР-ы сæргълæууæг, булкъон Тедеты Сосланы.

"Фыдракæндтӕ афтӕ куы сарӕх вæййынц, уæд къухдариуæггæнджыты ницы хъуыддаг ис отпускы. Раздахут СОБР-ы хистæры отпускæй æмæ агурут фыдгæнджыты", — бахæс кодта МХМ-ы сæргълæууæгæн президент.

Республикæйы генпрокурор Дзæгъиаты Уырызмæг загъта, зæгъгæ? "фæстаг рæстæджы республикæйы фæарæхдæргонд резонансон давдыты фæдыл", ведомствæ æрвылбондæр уадзы æмбырдтæ криминалон милициимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0