Бибылты Анатолий: фыццаг уал хъæуы горæты мидæг пырхæнты бынæтты исты саразын

© Sputnik / Алексей КовалевДороги улицы стройка Цхинвал
Дороги улицы стройка Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры президент нымайы, æввахс дыууæ азæн инвестпрограммæйы реализацийы рæстæджы кæй хъæуы хизгæ объектты арæзтад балхынцъ кæнын

ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik. Ног (2018-2019 азтæн) инвестицион программæ хъуамæ уа арæзт абоны боны реалитæ хынцгæйæ, загъта президент Бибылты Анатолий.

Цхинвалы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстон мæ Уæрæсейы æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл æхсæнхицауадон къамисы хуссарирыстойнаг хайы рабадт. Рабадты хайадисджытæ æруынаффæ кодтой инвестицион программæйы бындурон мадзæлттыл æввахсдæр дыууæ азмæ.

"Нæ разы лæууы хæслæвæрд 2017 азæн инвестпрограммæйы хизгæ объектты арæзтад иууылдæр балхынцъ кæнын", — хъусын кæны президенты ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Здание правительства обсуждение строительства Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсе рахицӕн кӕндзӕн Хуссар Иры райрӕзтӕн 3 млрд сомӕй фылдӕр

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Гаглойты фырты уынгыл цы хæдзæрттæ хъуамæ æрцыдаиккой арæзт, уыдон сараздзысты Комаровы уынгыл. Уым асыгъдæг кæндзысты раздæры техахуыргæнæндоны пырхæнтæ æмæ йæ бынаты сырæздзæн цæрæн комплекс.

"Мах хъуыдымæ гæсгæ, нæ хъæуы уæрæхдæр кæнын горæт, кæд æмæ йæ мидæг ис пырхæнтæ. Абоны бон Комаровы уынгыл ивынц дæлзæхх коммуникацитæ, уый фæстæ та дзы райдайдзысты хæрзарæзтадон куыстытæ. Нымайын, кæй хъæуы Цхинвал центрæй кæрæттæм аразын, кæрæттæй центрмæ нæ, фæлæ", — загъта Бибылты Анатолий.

2018-2019 азтæн инвестпрограмæйы ресализацийæн Уæрæсе рахицæн кæндзæн йæ бюджетæй æртæ миллиард сомæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0