Цхинвайлаг сылгоймаджы та ногæй æрцахстой "Лирика" æрбаласгæйæ

© Пресс-служба КГБ"Лирика"
Лирика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг сылгоймаг ныр дыккаг хатт бафæлвæрдта республикæйы территоримæ æрбаласын тобæгонд медицинон препараттæ

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik, Козаты Диана. Наркотикты æнæзаконон зилдухы ныхмæ тохы управленийы кусджытæ ссардтой цхинвайлаг 49-аздзыд цæрæгмæ медицинон препарат "Лирика"-йы парти, хъусын кæны МХМ-ы пресс-службæ.

Цхинвал. Джиоты Аланы уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Лирика" контрабандæ кодта Цхинвалы афтеччытæй иуы хицау

Тохъмайты Рита бафæлвæрдта республикæмæ æрбаласын тобæгонд препараты 114 капсулæйы. Раздæр дæр ма йыл æвæрд æрцыд административон бæрн аналогон фæткхæлды тыххæй, фарон майы ма уый бафæлвæрдта æрбаласын "Лирика"-йы 1378 капсулæйы æрдæгмилуан сомы бæрц. Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, Джиоты Аланы проспектыл æвæрд афтеччы хицау Тохъмайты Рита уæд иваргонд æрцыд 50 мин сомы бæрц.

"21 июны, оперативон информаци реализацийы рæстæджы, РХИ МХМ-ы наркотикты æнæзаконон зилдухы ныхмæ тохы управленийы кусджытæ æрурæдтой автомашинæ ВАЗ-2111. Пассажир Тохъмайты Ритæйы хызын басгæрсты рæстæджы ссардæуыд æмæ байст æрцыд 114 капсулайы "Лирика", — загътой пресс-службæйы.

Хуссар Ирыстоны парламент 2015 азы июлы райста закон, кӕцымӕ гӕсгӕ тобӕ ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн медицинон препарат "Лирика" ӕмӕ йӕ аналогты ӕрласт ӕмӕ уӕй кӕныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0