Хуссарирыстойнаг хæххон базæ "Дзедо"-йы баулӕфдзӕн донецкаг фæсивæд

© Sputnik / В. Кузьмин /  Ахизын медиабанкмæПалаточный лагерь туристов
Палаточный лагерь туристов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Донецкаг скъоладзатæ Хуссар Иры хæххон фæлладуадзæн базæйы баулæфдзысты президент Бибылты Анатолийы фæхуындмæ гæсгæ

ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны алæмæттагдæр къуымтæй иу — Хъеуселты комы хæххон фæлладуадзæн базæ "Дзедо"-йы баулæфдзысты донецкаг скъоладзаутӕ, фехъусын кодта Sputnik базæйы хицау Бестауты Бала.

Донецкаг сабитæ 10 боны дæргъы баулæфдзысты Хуссар Иры президент Бибылты Анатолийы фæхуындмæ гæсгæ. Къорды сконды ис 25 адæймаджы.
Фæсарæйнаг чысыл уазджытæн равзӕрстой хæрзвадат улæфæндон æрдзы хъæбысы.

Детский танцевальный ансамбль Ирон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕ базонгæ уыдзысты Питеры фенддаг бынæттимæ

"Донецкаг сывæллæтты æрцыды фæдыл ныридæгæн ахуырады министрад скъуыддзаг кæны организацион фарстытæ. Ӕнхъӕлмӕ сӕм кӕсӕм 5 июлы. Хæххон лагеры ис æппæт уавæртæ дæр. Бон сын цыппар хатты уыдзæн хӕрд. Сараздзыстӕм сын балцытæ Ирыстоны фендтаг бынæтæм дӕр — Леты æхсæрдзæнтæм, Морехы дзуармæ æмæ Часавалы лæгæттæм", — радзырдта Бестауты Бала.

Хæххон улӕфӕн базæ "Дзедо"-йы алыварс ис цæугæдæттæ æмæ фырсыгъдæг суадæттæ.

Бестауты Бала ма банысан кодта, тæрккъæвдатӕ ӕрӕджы кӕй фæластой фæндæгтæ базӕмӕ, фӕлӕ ныридӕгӕн цæуы куыст æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл.

Улæфты сезон "Дзедо"-йы адарддæр уыдзæн æрæгвæззæджы онг.

Хæххон улæфæндоны ӕрвылаз дӕр сӕ фӕллад суадзынц, иттæг хорз нысæнттыл чи ахуыр кæны, уыцы фæсивæд.

Ног хабӕртты лентӕ
0