Фатерты адавыны сери баххæст ноджы иу цауæй

© Sputnik / Наталья АйриянМВД
МВД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
МХМ-ы кусджытæн нырма нæ бантыст сбæлвырд кæнын, чи давы фатертæй Хуссар Ирыстоны

ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Цхинвалы фылдæрæй фылдæр кæнынц фатертæй давыны цаутæ. Мидхъуыддæгты министрады информацимæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны горæты мидхъуыддæгты управленимæ бахаста куырдиат цхинвайлаг цæрæг, зæгъгæ, йын йæ хæдзарæй сарызтæуыд давд.

"Хæдзары цы рæстæг нæ уыдыстæм, уæд дзы фесæфт сыгъзæринтæ æмæ æхца", — радзырдта сылгоймаг барадхъахъхъæнæг органты кусджытæн.

Уыцы рæстæджы хæдзары уыд æрмæстдæр сывæллон.

Здание МВД РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент бахӕс кодта милицийӕн иу мæймӕ раргом кæнын давыны цаутæ

"Нæ лæппу фехъуыста хъæлæба хæдзары дыккаг уæладзыгыл æмæ сцæйхызт асиныл. Къæрныхтæ йæ бафæдзæхстой, цæмæй ма схиза уæлæмæ æмæ уый дæр нæ бауæндыд схизын", — радзырдта Sputnik зианбаййафæг.

МХМ-ы Sputnik фехъусын кодтой, давдтæ иууылдæр кæй сты иу фыдгæнон къорды къухты хъуыддаг.

"Фæдагуырдæн нырма нæ бантыст фыдгæнджыты фæд ссарын. Уагъд цæуынц оперативон-слестгæнæн мадзæлттæ фыдвæндгæнджыты ссарын æмæ æрцахсыны фæдыл", — загъта уагдоны минæвар.

Фатертæй давыны сери райдыдта Цхинвалы æмæ республикæйы районты ацы аз майы. Дыууæ мæйæ къаддæр рæстæджы сарызтæуыд 10 давды æмæ иу балæбурд.

Ацы бонты республикæйы президент Бибылты Анатолий радта бардзырд барадхъахъхъæнæг органтæн мæйы æмгъуыдмæ ссарын фыдгæнджыты, кæцытæ давынц цæрджыты фатертæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0