Лагерь "Хуры тын": дæс лæвар боны сабитӕн

© Sputnik / Фатима ПлиеваДетский лагерь в интернате
Детский лагерь в интернате - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лагеры фыццаг къорды улæфынц 100 сабийы, сывæллæттæн арæзт цæуынц экскурситæ, спортивон æмæ сфæлдыстадон конкурстæ. Хæрзад аходæнтæ æмæ ног æмгæрттæй изæры сабиты сæ къах нал фӕхæссы сæ хæдзæрттæм

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы скъола-интернаты бындурыл ӕрвылазон лагеры ацы аз æрцыд ивындзинæдтæ — зынгæ фæцымыдисондæр ис сæ нывæзт. Ам фыццаг къорды цы 100 сывӕллоны улӕфынц, уыдонӕн фыццаг хатт арӕзт ӕрцыдысты экскурситӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрадмӕ ӕмӕ милицийы сӕрмагонд нысаниуӕгджын къордмӕ (ОМОН).

Палаточный лагерь туристов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг хæххон базæ "Дзедо"-йы баулӕфдзӕн донецкаг фæсивæд

"Ацы аз нын рауад бынтон хъæздыг нывæзт. Сабитæ тынг бауарзтой экскурситæ ОМОН æмæ УУМ, Национ музей æмæ Сывæллæтты библиотекæмæ. Лагеры сывæллæттæн ма президент Бибылты Анатолий сарæзта лæвар æмæ рæстæгмæ Цхинвалы цы аттракционтæ ис, уым сæ рæстæг арвыстой æнæаргъæй", — радзырдта лагеры хистæр Уанеты Альбина.

Альбинайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллӕттӕ чызгӕй-лӕппуйӕ стыр ӕхцондзинад райстой экскурситӕй, базонгӕ сты ирвӕзынгӕнджыты ӕмӕ милицийы кусджыты куыстимӕ, сӕрмагонд техникӕимӕ.

© Sputnik / Цахилова Елена Лагерь "Хуры тын"
Лагерь Хуры тын - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Лагерь "Хуры тын"
© Sputnik / Цахилова ЕленаЛагерь "Хуры тын"
Лагерь Хуры тын - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Лагерь "Хуры тын"
1/2
Лагерь "Хуры тын"
2/2
Лагерь "Хуры тын"
"Иууыл цымыдисондæр уыд ОМОНмæ балц. Ис сæм тынг зæнджын куыдз, алцыдæр ссары. БТР-тыл дæр нӕ сбадын кодтой. Стæй ма УУМ дæр уыд хорз, зынгирвæзты ныхмӕ машинæтыл дæр бадтыстæм", — дзуры улӕфджытӕй иу Джиоты Вика.

Скъола-интернаты бындурыл боны сæрдыгон лагерь "Хуры тын"-ы фыццаг къоды улæфы 100 сабийы, уыдон дих сты фондз къордыл. Алкæцыйæн дæр ис йæхи девиз, гимн, афтӕ ма хъазтыты, конкурсты æмæ экскурситы нывæзт.

Сабитӕ сæ бон арвитынц хъæлдзæг æмæ цымыдисонæй, ам ссарынц ног хæлæрттæ, ныййарджытæн та сæ зæнæгмæ сæ зæрдæ не ʻхсайы.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЛагерь "Хуры тын"
Детский лагерь в интернате - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лагерь "Хуры тын"

Сæрмагондæй алкæцы къордимæ дæр кусынц хъомылгæнджытæ, амонынц сын ныв кæнын, сценæйы дæсныйад, кафын, цайдагъ сæ кæнынц æрмдæсныйæдтыл.

Сабитæн ма концерт радтой гимнази "Альбион" æмæ Аивæдты лицейы сфæлдыстадон къордтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0