ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны таможнæйы валютæйон контролы хайады гæсы хæстæ æххæстгæнæгмæ зæрдæ æхсайы амалиуæггæнæгæй 110 мин сомы гæртам райсынмæ, хъусын кæны республикæйы УФ СК слестгæнæн управлени.
Фæдагуырды версимæ гæсгæ, азымгонд 21 июны Дзæуджыхъæуы райста гæртам Цæгат Ирыстоны Балтайы хъæуы цæрæгæй, цæмæй йæ ма ′ркæна административон бæрндзинадмæ "валютæйон закондæттынад фехалыны" фæдыл статьямæ гæсгæ, фехъусын кодтой слестгæнæн управленийы.
Азымгонды ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг "гæртам райсыны" фæдыл статьямæ гæсгæ, хъусын кæны ведомствæ.