Цæгатæй хуссармæ: дзӕуджыхъӕуккаг туристтæ ныггуылф кодтой Цхинвалмӕ

© Sputnik / Руслан Вахаев /  Ахизын медиабанкмæВиды Южной Осетии
Виды Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныр æртыккаг къорд Цæгатӕй Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд экскурсийы. Бæлццӕттæ федтой Эрцъойы цад, бафæлвæрдтой бæхыл бадын Кърозы, æрзылдысты Ленингоры районыл

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстонӕй туристтӕ ныггуылф кодтой Хуссармӕ, ныр ӕртыккаг къорд экскурсийы ӕрцыдысты республикӕмӕ. Бӕлццӕттæ федтой бæстæйы сæйраг сахар, бабæрæг кодтой иууыл дæрддзæфдæр Ленингоры район дӕр, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Улӕфт боны маршрут: Гуфта – Эрцъо – Къоз

"Ахæм экскурситæ аразын райдыдтой июны æмæ ацы къорд уыд ӕртыккаг. Балцыты туристтæ федтой Эрцъойы цад, Кърозы хъæуы атезгъо кодтой бæхтыл бадгæйæ. Хуссар Ирыстоны уазæгдæтты стæм номыртæ кусынц, стæй сæ уавæртæ дæр мæгуырау кæй сты, уымæ гæсгæ туристтæн экскурси ацæуы иу бон", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Цæгат Ирыстоны туризмы комитеты сæрдар куыд зæгъы, афтæмæй ацы балцытӕ сты фæлварæн, сæ хатдзæгтæм гæсгæ дарддӕр бакусдзысты лыггæнинаг фарстатыл, сæйраджыдæр, таможнӕйон посты сӕрты куыд цыбырдӕр рæстæгмӕ хизын.

Ног хабӕртты лентӕ
0