Бибылты Анатолий раарфæ кодта Венесуэлæйæн Хæдбардзинады боны фæдыл

© Пресс-служба президента РЮО РХИ президент Бибылты Анатолий
РХИ президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Венесуэлæ æртыццæджы нысан кæны Хæдбардзинад расидыны бон, ацы бæрæгбоны цытæн бæстæйæн раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфæ кодта Венесуэлæйы президент Николас Мадуройæн Хæдбардзинад расидыны боны цытæн, хъусын кæны президенты пресс-службæ.

Города Мира. Каракас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Венесуэлӕ аиуварс кӕндзысты визӕйон формалондзинӕдтӕ

"Ацы ахсджиаг историкон цау æрæвæрдта бындур хæдбар Венесуэлæйы сæрибар демократон размæцыдæн. Абон Республикæ Венесуэлæ у æцæг хæдбар паддзахад, кæцы æххæст кæны Симон Боливары сæрибаруарзаг хъæппæристæ", — дзырдæуы арфæйы тел.

Бибылты Анатолий ма банысан кодта, Хуссар Ирыстон кæй никуы ферох кæндзæн æгæрон æххуыс æмæ Венесуэлæйы адæм æмæ къухдариуæгады егъау хайбавæрд нæ бæстæйы æхсæнадæмон позициты сфидар кæныны хъуыддагмæ.

Венесуэлæ банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2009 азы сентябры Уæрæсе æмæ Никарагуайы фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0