ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий цыппæрæмы фембæлдзæн уæрæсейаг компани "Газпром"-ы сæргълæууæг Алексей Миллеримæ, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Мæскуыйы цы фембæлд ацæудзæн, уым фарсытæ æруынаффæ кæндзысты Хуссар Ирыстоны газификацийыл.
"Нывæзтты ис æруынаффæ кæнын республикæйы районтæ æмæ дæрддзæф хъæуты газификацийы уагæвæрд æмæ схемæйыл, егъау проекты реализацийы хæйттыл, юридикон фарсыл, афтæ ма тарифон политикæйыл", — загътой пресс-службæйы.
Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны газæй ифтонг у республикæйы столицæ Цхинвал. Хуссар Ирыстонмæ газ цæуы магистралон газы хæтæлыл "Дзуарыхъæу — Цхинвал".