ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад æмæ уæрæсейаг компани "Газпром" бафысдзысты республикæйы газификацийы фæдыл бадзырд. Ахæм уынаффæ райстæуыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ газы компани "Газпром"-ы сæргълæууæг Алексей Миллеры фембæлды рæстæджы, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.
"Мах бадзырдтам, кæй ис Хуссар Иырстоны газификацийы æнæмæнгхъæуындзинад. Уымæ гæсгæ ацы аз бацæттæгонд æрцæудзæн æппæт документаци, сентябры хицауад бафысдзæн бадзырд "Газпром"-имæ æмæ фидæн азæй райдайдзæн республикæйы газификаци", — загъта фембæлды фæстæ Бибылты Анатолий.
Уый банысан кодта, "Газпром" кæй у цæттæ Хуссар Ирыстоны территори газификацийæн 2,5 млрд сомы рахицæн кæнын.
Бибылты Анатолий æмæ Алексей Миллер ма æруынаффæ кодтой тарифон политикæйыл дæр. Президент банысан кодта, газы аргъ кæй суыдзæн Цæгат Ирыстоны газы аргъы бæрц, æрмæст æвиппайды нæ, фæлæ цадæггай, республикæйы куыстмызд куыд фылдæр кæна, афтæ.
Республикæйы районты газификацийæн бахъæудзæн 1,5 азы.
Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны газæй ифтонг у республикæйы столицæ Цхинвал. Хуссар Ирыстонмæ газ цæуы магистралон газы хæтæлыл "Дзуарыхъæу — Цхинвал".