ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ног фыдызгъӕлы завод "Растдон"-ы фыццаг продукци бафæлвæрдтой цхинвайлæгтæ Ногдзауты парчы. Сабиты уарзон нывисæн бынат — уæлфыст "Ӕз уарзын Цхинвал"-ы цур æрæмбырд ис сæдæгай адæймæгтæ.
Фыдызгъæлы продукци "Нæртон"-ы презентацийы нæ бахъыгдардта чысыл къæвда. Фæлварæн продукцийы тæрхджыты алыварс адæмы радтæ нæ цъус кодтой.
Цхинвалы Ногдзауты парчы "Растдон"-ы продукцийы дегустаци райдыдта концертæй. Бынæттон зарæггæнджытæ Тасойты Игорь, Ӕлборты Владимир, Плиты Лана æмæ æндæртæ барæсугъд кодтой мадзал.
Компани "Растдон"-ы технолог Хлопкова Евгения базонгæ кодта цæрджыты тахынæджы фæлварæн продукцийы хуызты скондимæ.
"Ам цы амалиуæгад æрцыд арæзт æмæ абон райдыдта йæ куыст, уым цæуы уникалон продукт, кæцыйы сконды ис стур, гогыз, бабыз æмæ хуыйы фыд. Ацы продукт абон сымахæн фадат ис ацаходын", — загъта уый.
Æрæмбырдуæвджытæ бафæлвæрдтой "Индолина", "Утолина" æмæ "Нæртон" маркæты бын уадзгæ продукцийы. Уый фæстæ гогызы фыдæй бас бацаходыдтой фыдызгъæлæн табугæнджытæ.
Компани "Растдон"-ы продукцийы дегустацийы изæр адарддæр кодта хъазт-викторина.
Фыдызгъæлы завод "Растдон" рауагъта йæ продукцийы фыццаг парти маркæ "Нæртон"-ы дæлбар. Технологон скуыст заводæн уыд ацы аз уалдзæджы.
Проекты реализацийыл бахардз 156 милуаны онг кредитон фæрæзтæ.
"Нæртон" маркæйы бын цæудзæн уæрæх ассортимент, уазал продукттæй дарддæр ма "Растдон"-æн йæ бон уыдзæн рауадзын натуралон полуфабрикаттæ, стæй ма арф рацарæзты хæлцад: тахынæгтæ, сосискæтæ, сарделькæтæ, фæздæгмæдзыд æмæ æндæртæ.