Байк-шоу Цхинвалы æрæмбырд кодта иу минӕй фылдӕр адæймаджы

© Sputnik / Наталья АйриянДень миротворца
День миротворца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы цæрджытæ Фидауынгæнджыты уынгыл федтой байкерты экстремалон равдысттæ - мотофристайл, стантрайдинг, мототриал æмæ æндæртæ. Уазæг байкертæ ныфс радтой Хуссар Ирмæ ногæй æрæздæхын æмæ ацы спорты размæцыдмæ фæкæсынæй

ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстонмæ фидауынгæнæг тыхты æрцыды 25 азы юбилейы цытæн Цхинвалы ацыд байк-шоу. Сæдæгай адæймæгтæ æрæмбырд сты байкерты равдысты фæзуаты алыварс.

Юбилейон мадзæлттæ райдыдтой фидауынгæнджыты цыртыл дидинтæ сæвæрынӕй. Хайад дзы райстой республикæйы къухдариуæгад, уазджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ, афтӕ ма фидауынгæнæг тыхты 90 æзты службæгæнджытæ.

© Sputnik / Наталья АйриянЮбилейон мадзæлттæ райдыдтой фидауынгæнджыты цыртыл дидинтæ сæвæрынӕй
День миротворца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Юбилейон мадзæлттæ райдыдтой фидауынгæнджыты цыртыл дидинтæ сæвæрынӕй

Уый фæстæ адæмы хъусдард сæхимæ раздæхтой байкертæ.

Фыццаг фæзуатмæ рахызтысты сывæллæттæ квадроциклтыл, стӕй сæ арæхстдзинад равдыстой бынӕттон æмæ æрцæугæ арæхстджын шофыртæ самокаттыл, квадроциклтыл, мотоциклтыл, скейтбордтыл, велосипедтыл æмæ æндæр экстремалон транспортыл.

Иууыл цымыдисимæ æрмбырдуæвджытæ кастысты мотофристайлмæ — акробатон элементтимæ гæппытæм. Развæлгъау цæттæ æрцыд гæпп кæнын æмæ æрбадынæн сæрмагонд бынæттæ, дыууын иу метры дæрддзæф кæрæдзийæ. Шофыр Малашихин Сергей иу кæсджыты аплодисментты хъæрмæ цъиуау стахтис цъæх арвмӕ.

Президент фидауынгæнджытæн: бузныг уæ хæрзаудæн миссийы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент фидауынгæнджытæн: бузныг уæ хæрзаудæн миссийы тыххæй

Байкерты ныхæстæм гæсгæ, кӕд сын дымгæ фадат нæ радта нывыл сæххæст кæнын трюктæн се ‘ппæт дӕр, уӕддӕр мадзал ацыд иттӕг хорз.

Пятигорскаг байкер Дмитрий Страшнов фыццаг хатт æрæфтыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ ныр фæнд кæны бынæттон байкертимæ хæлар ахастытæ саразын.

"Фыццаг хатт дæн Хуссар Иры, фæлæ ардыгон байкерты хорз зонын. Хорз арвыхъæд ис ам æмæ зæрдæхæлар адæм. Абон æвдисæм цалдæр экстремалон дисциплинӕ — мотофристайл æмæ стантрайдинг, мототриал æмæ æндæртæ. Ӕнæмæнгæй æрыздæхдзыстæм Ирыстонмæ æмæ æрхондзыстæм цхинвайлæгты нæхимæ. Стæй ма нæ тыхы цы уа, уымæй æххуыс кæндзыстæм ацы спорт Хуссар Иры парахат кæныны хъуыддаджы", — радзырдта Дмитрий Страшнов.

Бынæттон байкерон клуб "Хæххон дымгæ"-йы минæвар Лæууойты Сева ныфс бавæрдта, цхинвайлӕгтӕ та байкерты равдыстмæ кӕй бакæсдзысты Хуссар Иры хæдбардзинад банымайыны бæрæгбонон мадзæлтты рæстæджы 26 августы.

Ног хабӕртты лентӕ
0