Гергиты Валерий разамынад лæвæрдта Францы оркестрæн Бастили сисыны бон

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæМаэстро В.Гергиев провел акустический тест новой сцены Мариинки
Маэстро В.Гергиев провел акустический тест новой сцены Мариинки - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Майрæмбоны Марсы быдырыл Парижы ацыд националон францаг бæрæгбон – Бастили сисыны бон

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik. Уæрæсейы адæмон артист, ирон дирижёр Гергиты Валерий ралæууыд концертимæ Марсы быдырыл Парижы. Мадзал уыд нывонд Францы сæйрагдæр бæрæггæттæй иуæн — Бастилийы сисыны бонæн, хъусын кæны RT.

Гергиты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гергиты Валерий къухдариуæгад кæндзæн Францы оркестрæн Бастили сисыны бон

Иууыл зындгонддæр композиторты классикон уацмыстæм байхъусынмæ Марсы быдырмæ æрбамбырд сты дæсгай мин адæймæгтæ.

Маэстро Гергиты Валерий фыццаг хатт нæ дирижир кæны Францы националон оркестрæн.

"Ӕз амондджын дæн уымæй, кæй дæн ацы националон æмæ æхсæнадæмон цауы хай. 1989 азы куы уыд Бастили сисыны боны юбилейон датæ — 200 азы сæххæст — уæд æз фыццаг хатт уыдтæн сценæйыл зынгæ америкæйæг дирижер Леонард Бернстайнимæ. Уымæ гæсгæ, фыццаг хатт нæ къухдариуæгад кæнын Францы националон оркестрæн. Уый у тынг хорз фадат ногæй фембæлын ахæм стыр бæрæгбоны фæдыл", — загъта Гергиты Валерий.

Бастили сисыны бон Францы нысан кæнынц 14 июлы. Ацы бон, 1789 азы, Францаг революцийы райдианы штурмæй ист æрцыд гæнах-ахæстон Бастили.

Ног хабӕртты лентӕ
0