ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстон нымайы хорзыл алы къахдзæф дæр, кæцы ахъаз уыдзæн Донбассы конфликт æрбæстон кæнынæн, фехъусын кодта РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий ДАР-ы сæргълæууæг Александр Захарченкойы хъæппæрисæн паддзахад "Малороссия" саразыны фæдыл комментарий аразгæйæ.
Захарченко дыццæджы фехъусын кодта журналисттæн, Украинæйы уавæр кæй бацыд къуыммæ, уырдыгæй рахызт та суаид ног паддзахад "Малоросси"-йы сырæзт.
"Хуссар Ирыстон нымайы хорзыл алы къахдзæф дæр, кæцы ахъаз уыдзæн Донбассы конфликт æрбæстон кæнынæн… Мах ныфс ис, ацы хъæппæрис кæй ратдзæн ног импульс фарст сабырæй аскъуыддзаг кæнынæн æмæ уыдзæн ахъаз къуырцдзæвæнæй рахызтæн", — хъусын кæны Медойты Дмитрийы ныхæстæ РИА Новости.
Хуссар Ирыстон ДАР ӕмӕ ЛАР-ы хӕдбардзинд банымадта 2014 азы. Цхинвал ӕмӕ Донбассы республикӕты ӕхсӕн фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ.