Парламент басгардзæн "Югоосетгосстрах"-ы архайд

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южная Осетия Цхинвал
Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент нывæнды Контролон-нымайæн палатæ æмæ МХМ-æн бахæс кæнын фæдзæхстон компани "Югоосетгосстрах"-ы финансон-хæдзарадон архайд фæстаг фондз азы мидæг басгарын.

Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ парламенты спикер: "Остелеком" хъæуы басгарын

Фарстыл дзырд цыд экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты æнæрадон рабадтыл, хъусын кæны закондæттæн органы пресс-службæ.

Комитеты разамонæг Джиоты Инал æрлæууын кодта коллегæты зæрдыл, 2016 азы кæрон хицауад кæй бакуыста "Фæдзæхсты тыххæй" законы проекты ног редакцийыл.

"Нæ разы ис законы проекты кусæгон вариант. Парламенты уæды сæргълæууæг бахæс кодта документ лыстæг сахуыр кæнын, æрбавдисын фиппаинæгтæ æмæ æнхъарæнтæ, æмæ гæнæн уæвгæйæ æххуыс бакæнын, уый нымæцы закондæттæн къабазы, афтæ ма ссарын фæрæзтæ фæдзæхстон компанийы капитал фæфылдæр кæнынæн", — загъта Джиоты Инал.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, азы райдианы комитет дыууæ хатты арвыста фыстæг "Югоосетгосстрах"-ы къухдариуæггæнæг Битеты Феликсы номыл, акционерон æхсæнады архайды тыххæй уæрæх информаци æрбавдисыны куырдиатимæ. Депутатты куырдиатæн фæстæмæ æрбацыд дзуапп, зæгъгæ, акционерон æхсæнадты фæдыл законмæ гæсгæ, парламентон комитетæн нæй бар ахæм информаци курын.

"Ныфсджынæй ис зæгъæн, нæ фыстæг нын кæй ницæуыл банымадтой", — банысан кодта Джиоты Инал.

Депутаттæ та дыккаг хатт бахатыдысты фæдзæхстон компанимæ, йæ къухдариуæггæнæгæн Конституци æмæ "Депутаты статусы тыххæй" законмæ амындимæ, кæцымæ гæсгæ уыдонæн ис бар æппæт æнæмæнгхъæуæг информаци æрдомын. Фыстæгæн депутаттæ райстой "дзуапп æфхæрæн хуызы".

Спикер Гасситы Петр, кæцы иста хайад комитеты рабадты куысты, катаимæ банысан кодта, раздæр азты кæй сæвзæрд ахæм хъуыды, зæгъгæ, депутаттæ сты æххæстгæнæн хицауады ницæйаг æмхасæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0